Премьер-министр Китайы Адæмон Республикæйы паддзахадон советы премьеримæ гуырдзиаг продукцийы экспорты рæзты перспективæ æркастис
Китаймæ гуырдзиаг продукцийы экспорты рæзт æмæ Гуырдзыстоны регионон центрæй фестыны перспективæ æркастысты Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе æмæ Китайы паддзахадон советы премьер Ли Кэцян фембæлдыл, кæцы абон сахар Даляны паддзахадон резиденцийы ацыд.
Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куысты информацийæ, хицауады сæргълæууæг премьер Ли Кэцянæн Китайы Адæмон Республикæйы сæвзæрды 70 азы юбилей раарфæ кодта æмæ Гуырдызстонæн фарсхæцыны тыххæй бузныг расидтис.
Ныхасы рæстæджы бахахх кодтой сæрибар базарады фæдыл бадзырды æххæстаргъджынæй спайда кæныны æнæмæнгхъæуындзинад æмæ Гуырдзыстонмæ фылдæр инвестицийы ныввæрыны нысаниуæг, сæрмагондæй уыцы секторты, кæцыты экспортон потенциал у бæрзонд.
Гуырдзыстоны регионон центрæй скæныны контексты, баххах ис ставддæр компаниты баинтересы æнæмæнгхъæуындзинад сæххæст кæной инвестицитæ æмæ байгом кæной офистæ Гуырдзыстоны. Банысан ис адæмты æхсæн контактты роль дыууæфарсон базарадон-экономикон ахастыты ноджы фылдæр баахъаз кæнны æрдгæй.
Китайы паддзахадон советы премьер, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады æмæ суверенитеты æрдæм Китайы хъæддых фарсхæцын æмæ æнæбанымады политикъæйæн æмзæрдæдзинад сбæлвырд кодта. Гуырдзыстоны премьер-министры æмæ Китайы паддзахадон советы премьеры фембæлды хайад истой Китайы фæсарæн хъуыддæгты, коммерцийы, зонæдты æмæ технологиты министртæ, афтæдæр паддзахадон реформæты æмæ рæзынады камисы сæрдар, кæцы у комкоммæ президент Си Дзинпины дæлбар.
Бæрзонддæр æмвæзады фембæлд ахæм форматæй фыццаг хатт ацыд, кæцы фæрсты аргълæвæрдæй, дыууæфарсон ахастыты гъæд ног æмвæзадмæ ахизыны бæлвырдгæнæн у.
Мамука Бахтадзе дзырдæй ралæудзæн дунейы экономикон форумы тематон сессийыл – Talent Transforming Technology. Гуырдзыстоны премьер-министры кусæн визит Даляньмæ 2 июлы фæуыдзæн.