Чъоу Циен – Китай цæттæ у, гуырдзиаг фарсимæ иумæ ноджы  сбонджындæр кæна  стратегион партнерады мидис
Чъоу Циен – Китай цæттæ у, гуырдзиаг фарсимæ иумæ ноджы сбонджындæр кæна стратегион партнерады мидис

Китай цæттæ у, гуырдзиаг  фарсимæ иумæ  ноджы  сбонджындæр кæна  стратегион партнерады мидис, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  Китайы  минæвар  Чъоу Циен  райхъусын кодта брифнгыл.

Афтæма йæ  дзырдæй,  зæгъгæ Китай  кæддæриддæр цæттæ у  практикон   архæйдтытæм, «Æз гуырдзиаг  журналисттимæ ныхасы рæстæджы æнæиу хатт   загътон, цæмæй Китай  кæддæриддæр цæттæ у фæарфдæр кæна партнерад, фæлæ æрмæст уыцы цауы, кæд æмæ  уый кæрæдзийæн цытыл,  кæрæдзийæн пайдайыл æмæ æмгуыстадыл бындурæвæрд у. Китай кæддæриддæр цæттæ у практикон архæйдтытæм, æрмæст уыцы  цауы,  кæд æмæ  уый ахъаззаг уыдзæн æхсæнадæмон барады æмæ объективондзинад бахъахъхъæнынæн,  райтынгæн æмæ дзæбæхдзинадæн. Ивгъуыд азы  Китай æмæ Гуырдзыстоны æхсæн стратегион партнерад куы бафыстæуыд, дыууæ бæстæйы æхсæн  политикон æууæнк æмæ практикон  æмгуыстады  фæстиуджытæ ноджы  райрæзтысты. Мæхи æмæ мæ гуырдзиаг  коллегæты тыхархайдæй,  Китай æмæ Гуырдзыстоны æхсæн  бафыст æнæив дыууæрдæм змæлд мæйы кæронæй официалонæй  скусдзæн.  Æнхъæлцау  æввахс  фидæны  дыууæ бæстæйы æхсæн  комкоммæ тахтытæ  фæархдæр уыдзысты.  Китайаг компаниты æрдгæй  фæстаг рæстæджы сæххæст  проекттæ – Гуырдзыстоны экономикон æмæ социалон  райрæзтæн ахъаззаг сты.  Китай цæттæ у гуырдзиаг фарсимæ иумæ ноджы  сбонджындæр кæна  стратегион   партнерады мидис.  Ацы  дыууæ  незаманы цивилизацийы  фарны æмæ  сæндидзын кæнынæн  ног эпохæйы», – райхъусын кодта Чъоу Циен.