Цалдæр размæ нæм æрцыд æрдæг милуан дозæ «Pfizer»-ы вакцинæ. Уый у æххус АИШ-æй, фæнды мæ ноджэы иу хатт бузныг зæгъын Америкæйæн æмæ сæрмагондæй та президент Байденæн ацы лæвары тыххæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, цæмæй æмтгæй райсгæйæ бæстæйы 2 милуан вакцинæ – 1.5 милуан китайаг вакцинæ æмæ æрдæг милуан та «Pfizer».
«Уымæй уæлдай ма, милуан«Pfizer»-ы вакцинæ, комкоммæ заводæй балхæдтам æмæ ацы милуан дозæ нæм нæридæгæн этапгай дæттынц. Процесс цæуы. Æмтгæй райсгæйæ нын уыдзæн 3 милуан вакцинæ. 2 милуан бынатыл ис, 1 милуан та иу мæймæ æрцæудзæн, максимум мæй æмæ æрдæгмæ, этапгай, алы сабат-хуыцаубоны. Фæнды мæ цæрджытæм ноджы иу хатт раздæхын куырдиатæй æмæ сын ноджы иу хатт зæгъон куыд ахсджиаг у вакцинаци. Бирæ фарстытæ хъуысынц, цæмæй цæмæн у æнæмæнгхъæугæ вакцинаци ауадзын. Сæйраг дзуапп æмæ аргумент, кæцы мæ фæнды базонын кæнон нæ цæрджытæн у уый цæмæй, вакцинацийы фæстæ, мæлынад, кæцы сегасдæр риссаг у махæн, практиконæй нулмæ æрцæуы.тУымæ гæсгæ дæр мæ фæнды ноджы иу хатт сæ ракурон алкæмæй, нæхицæн низы ныхмæ хос бафтауæм, бахъахъхъæнæм нæхи цард, нæ æнæниздзинад æмæ уыимæ иумæ, нæ ныййарджыты, хъæбулты, хæстæдлжыты æнæниздзинад. Тынг бирæ дезинформаци хæлиу кæны вакцинæты тыххæй. Фæнды мæ цæрджытæй ракурын, «Фейсбукы» фæрцы ахæлиугонд мингай гæдыдзинады æмæ дам-думты бæсты баууæндут ахуыргæндтыл æмæ зонадыл», – райхъусын кодта премьер-министр.