Премьер-министр цæрджытæм æрсидтис вакцинæ саразынмæ
Премьер-министр цæрджытæм æрсидтис вакцинæ саразынмæ

Цалдæр размæ  нæм æрцыд  æрдæг милуан  дозæ  «Pfizer»-ы вакцинæ.  Уый у æххус АИШ-æй, фæнды мæ ноджэы иу хатт бузныг зæгъын  Америкæйæн  æмæ сæрмагондæй та  президент  Байденæн  ацы лæвары тыххæй, –  уый  фæдыл   Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  хицауады  абоны  рабадтыл   райхъусын кодта.

Хицауады сæргълæууæг  банысан кодта, цæмæй  æмтгæй райсгæйæ бæстæйы  2 милуан  вакцинæ – 1.5  милуан  китайаг  вакцинæ  æмæ æрдæг милуан  та «Pfizer».

«Уымæй  уæлдай ма, милуан«Pfizer»-ы вакцинæ, комкоммæ  заводæй  балхæдтам æмæ   ацы милуан дозæ нæм нæридæгæн  этапгай  дæттынц.  Процесс  цæуы.  Æмтгæй райсгæйæ  нын уыдзæн   3 милуан  вакцинæ.  2 милуан  бынатыл ис, 1 милуан  та  иу  мæймæ  æрцæудзæн,  максимум  мæй æмæ æрдæгмæ, этапгай,  алы  сабат-хуыцаубоны.  Фæнды мæ цæрджытæм ноджы иу  хатт раздæхын куырдиатæй æмæ  сын ноджы иу  хатт зæгъон  куыд  ахсджиаг у  вакцинаци.  Бирæ  фарстытæ  хъуысынц, цæмæй  цæмæн  у  æнæмæнгхъæугæ  вакцинаци ауадзын.   Сæйраг  дзуапп æмæ аргумент, кæцы  мæ фæнды  базонын  кæнон нæ цæрджытæн у уый цæмæй,   вакцинацийы  фæстæ, мæлынад,  кæцы  сегасдæр риссаг у махæн,  практиконæй  нулмæ æрцæуы.тУымæ гæсгæ  дæр мæ фæнды ноджы иу  хатт  сæ ракурон алкæмæй,   нæхицæн низы  ныхмæ хос  бафтауæм,   бахъахъхъæнæм нæхи цард,  нæ  æнæниздзинад  æмæ уыимæ иумæ, нæ  ныййарджыты, хъæбулты, хæстæдлжыты æнæниздзинад. Тынг бирæ  дезинформаци  хæлиу кæны  вакцинæты тыххæй.  Фæнды мæ  цæрджытæй ракурын,  «Фейсбукы» фæрцы ахæлиугонд  мингай  гæдыдзинады æмæ  дам-думты  бæсты  баууæндут   ахуыргæндтыл æмæ зонадыл», –  райхъусын кодта  премьер-министр.