Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа хицауады абоны рабадтыл 15 аздзыд æнахъомы адзалы тыххæй хъыгтæ ноджы иу хатт разагъта æмæ банысан кодта, цæмæй паддзахадон инспекторы куыст фæнысангонд хъуыддаджы фæд афтæ равзардзæн цæмæй иунæг фарст дæр мауал базаайа.
Премьеры дзырдæй, æмбæлон уагдæттæм лæвæрд æрцыд барамынд æмкуыст кæной паддзахадон инспекторы апартимæ.
Уымæй дарддæр ма премьер-куыд банысан кодта афтæмæй, æрæугæйæ æнæмæнг хъæугæ у конкретон хатдзæгтæ рахæссын. Уый æнахъомты хъуыддæгтæм гæсгæ расттæрхоны æрдæм конкретон уагдæттæн æмбæлон бардзырдтæ ратта.
«Мидхъуыддæгты министрад æнæаргъæвгæйæ райсæт æмбæлон мадзæлттæ уагдоны æнахъомтыл ориентацигонд фæдæвзарæг аууæлттæ саразынæн, сифтонг кæна æнахъомтимæ кусæг фæдагурджыты æмæ менеджерты специализаци æмæ æмбæлон критеритæй, хъавгæйæ равзæрст, сæххæст кæна сæ иудадзыг бацæттæ æмæ мониторинг. Ахуырады министрад, æндæр уагдæттимæ иумæ, хъуамæ бакой кæна алы уыцы паддзахадон гæсæн, кæцыйы куыст æнахъомтимæ. Афтæдæр Юстицийы министрад хъуамæ бакой кæна æнахъомты закъондæттæн æмвæзадыл хъахъхъæдыл, уыдонæн барадхъахъхъæнæг системæимæ куы бастдзинад уæд, уый афтæдæр иттæг нысаниуæгджын у æмæ æнæнизхъахъхъæды министрад социалон ардæмадæй хъуамæ бакой кæна уыцы проблемæтыл, кæцытæ æххæссынц психологионæй æнахъомтимæ куыстмæ», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа хицауады рабадтыл.