Политикон партиты, æвзарæнон субъектты, æмæ æвзарæнон нысæнтты тыххæй рагафон чи райхъусын кодта уыцы уæнгты финансон мониторинг æххæст кæндзæн антикоррупцион бюро
Политикон партиты æвзарæнон субъектты æмæ бæрæг æвзарæнон нысан кæмæн ис уыцы уæнгты финансон мониторинг æххæст кæндзæн антикоррупцион бюро. Æмбæлгæ ивддзинæдтæ уыцы закъондæттынадмæ бацыд, кæцы Гуырдзыстоны антикоррупцион бюро саразын дары йæ хуъыдыйы.
Архайæг закъонæй, уæлдæрбанысангонд æххæстбар, паддзахадон аудиты куыстмæ ис. Ивддзинадмæ гæсгæйæ, паддзахад он гæсты, хицауадон куысты бюройы бæсты, антикоррупцин бюромæ дæтзысты мулкон уавæры декларацитæ.
Растдæр антикоррупцион бюройы функцийæ сбæрæг ис паддзахадон гæсты мулкон уавæры декларациты райсты, баххæст-бавдисыны контролы, балæврыны, мониторингы, æргомдзинады æмæ ацы сферæйы æндæр æмбæлгæ мадзæлттæ сыххæсты æххæстбартæ, кæцыйы нырма архайæг закъонæй, паддзахадон куысты бюро æххæст кæны.
Парламенты юридикон фарстаты комитеты сæрдар Анри Оханашвили æмбарын кæны, цæмæй антикоррупцион бюройы ауæрæхимæ баст ногдзинад æххæстæй æмбæлон у Еврокомиссийы 12 пунктджын рекомендациимæ æмæ фæнысангонд фарстайыл æнæхицауадон организациты æрдгæй разагъд хъуыдытæ æмæ æнхъарæнтæм.