Публикацигонд уыд антикоррупцион бюройы къухдариуæггæнджытæм кандидатты равзарæн конкурсы хайад райсыны фæдыл информаци

11:32, 11.01.2023

Антикоррупцион  бюройы хистæры бынатмæ кандидатты  равзарæн  конкурсы   хайад райсыны критериты фæдыл информаци публикацигонд  æрцыд.

Гуырдзыстоны премьер-министры 2022 азы  22 декабры  № 289 æмæ  2022 азы 30 декабры №304 бардзырдæй  арызт  хицауадон барады юридикон уæнг- антикоррупцион   бюройы  хистæры бынатмæ кандидатты равзарынæн конкурсон  комиссийы  уынаффæйæ,   антикоррупцион  бюройы  хистæры бынатмæ кандидатты равзарынæн конкурсы хайад райсынæн,  куырдиæттæ/уæлæмхас документтæ 2023 азы 11 январæй  2023 азы 25 январы хынцгæйæ  исдзысты  хицауадон барады юридикон уæнг  паддзахадон куысты  бюройы администриргонд  вебфарсы (www.hr.gov.ge) фæрцы.

Конкурсы  хайад райсын йæ бон у æмбæстагæн, кæцы нæ уыд тæрхондонмæ лæвæрд, ис йæм  бæрзонддæр ахуыр æмæ  расттæрхоны кæнæ барадхъахъхъæнæг  системæйы кæнæ адæймаджы барты  хъахъхъæды сферæйы æнæкъаддæр 5 азы дæргъы куысты  фæлтæрддзинад, у бæрзонд профйессионал  æмæ йын ис  бæрзонд моралон репутаци.

Конкурс ацæудзæндыууæ этапæй – куырдиæтты равзæрст æмæ  бадзырд. Бацахсинаг  постимæ  кандидатты  æмбæлондзинад аргъ скæныны фæстиуæгæн,  закъонæй бæлвырд   уагæй,  комисси равзардзæн   2-5  кандидаты, кæцыты  Гуырдзыстоны премьер-министрæн бавдисдзысты.  Хицауады  сæрдар  уымæн  бавдыст кандидаттæй  сæ иуы снысан кæндзæн  антикоррупцион  бюройы  хистæры бынатыл.

Конкурсы хайад райсыны  домæнты фæдыл информаци афтæдæр бавдыст у  комиссийы  уагæвæрды.

Хуыздæр