Тина Бокучава – антикоррупцион бюро коррупциимæ тох кæнын хъом нæу, уымæн æмæ йын институционæй нæй хæдбарад æмæ кæддæриддæр æххæст кæндзæн политикон барамындтæ
Антикоррупцион бюро коррупциимæ тох кæнын хъом нæу, уымæн æмæ йын нæй институцион хæдбарад. Ацы бюро кæддæриддæр æххæст кæндзæн политикон хæслæвæрд æмæ йæхæдæг «Картули Оцнебайы» бæрзонд гæсты коррупци нæ бацахуыр кæндзæн, – уый фæдыл «Наицоналон Змæлды» уæнг Тина Бокучава райхуъсын кодта.
Тина Бокучавайы бафарстой: «Националон Змæлдæн» йæ лобисттæ бафидар америкаг пиарконсультанты Джереми Рознеры, кæцы партийæн амыдта, декларациты темæйæ бамбæрзтаиккой Дунейон Банкы иртасæн. Куыд аргъ скæндзыстут уый».
«Коррупцийы æрдгæй æмкъарæн дæр ахæм у, ома практиконæй, бæстæйы элитарон коррупци æрвылазонæй рæзы. Элитарон коррупцийы кæрон скæнын домы Евроцæдис дæр. Институционæй æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй хæдбар антикоррупцион бюро куса, кæцы нын ерын нæй. Нырыккон бюро йæхæдæг коррумпиргонд Иракий Гъарибашвилийы дæлбар у. Джереми Рознеры зонын. Ныр уыимæ «Наицоналон Змæлдæн» ницы бастдзинад ис. Ивгъуыды цыдæр ахастытæ уыдис, фæлæ уæд хицауады нæ уыдтæн, фæлæ ацы адæймагтæм мын бæрæг контакт уыд. Ныр та бамбæрзыны тыххæй куы зæгъæм æмæ уырыссаг стилы пропагандæйы уадзыны тыххæй, сау пиары дæсны у Бидзина Иванишвили, кæцы баххуырста Моше Клугхафты. Сæхæдæг архайынц адæймæгты мæгуырдзинад æмæ фыдæбон бамбæрзынæй, афтæма коррупци æмæ æмбæстæгты проблемæтæ», – райхъусын кодта Тина Бокучава.