Закъонопроектмæ гæсгæйæ, ЦÆК-ы  сæрдары æмæ цалдæр уæнгы  кандидатты сывзарыны æмæ парламентæн   бавдисыны æххæстбартæ, президенты бæсты, парламенты сæрдармæ уыдзæн
Закъонопроектмæ гæсгæйæ, ЦÆК-ы сæрдары æмæ цалдæр уæнгы кандидатты сывзарыны æмæ парламентæн бавдисыны æххæстбартæ, президенты бæсты, парламенты сæрдармæ уыдзæн

ЦÆК-ы сæрдары æмæ   цалдæр уæнг   кандидатурæ1ты равзарыны æмæ  парламентмæ  бавдисыны  æххæстбартæ,  президенты  бæсты,   парламенты сæрдармæ  уыдзæн.  Æмбæлгæ   ивдтытæ  «Æвзарæнон кодексы» æмæ  регламентмæ цæуынц.

Закъонопроектмæ гæсгæйæ, ивд цæуы  се равзарыны процедурæ æмæ  корум. Бæлвырдæй та, кæд  парламент ЦÆК-ы  сæрдары æмæ   уæнгты  æххæст сконды фылдæры хайæ (76 хъæлæсæй)  схъæлæс кæндзæн,  уæд  сæ  бынæттыл  фондз азы æмгъуыдæй  снысан уыдзысты.

Сывзарыны процедурæйы  тыхæй куы  зæгъæм уæд та,  ивдтытæм гæсгæйæ, ЦÆК-ы сæрдары  æмæ уæнгты  равзарæн   конкурсы  райхъусын кæндзæн   æмæ конкурсон  комисси  сараздзæн парламенты  сæрдар. Парламенты сæрдар  бавдисдзæн  закондæттæг  органæн   кандидатурæты.  Конкурсон   комиссийы  сконды  президенты  иу  минæвар уыдзæн.

Закъонопроектæй  конкрет цæуы, цæмæй уыцы цауы, кæд æмæ  хъæлæскæныны  фæстиуæгæн   алы  ваканси нæ баххæст уыдзæн,  президент æмбæлгæ  конкурсы  хайадисæг   æндæр кандидаты  бавдисдзæн  æмæ  хъæлæскæнынад  президенты  бавдыст   кандидатурæйы фæдыл  ацæудзæн.

Ивддзинæдты  инициатортæ  сты фылдæры хайы уæнгтæ.   Уыдон æмбарын кæнынц,ц æмæй ЦÆК-ы  уæнгдзинады æмæ ЦÆК-ы  сæрдæрттæм кандидатты равзарыны   абон архайæг уагы аналогион   барадон  практикæ  иунæг   размæцыд бæстæйы  дæр нæй.

Архайæг  закъонæй, ЦÆК-ы  сæрдары бынатмæ æмæ уæнгтæм   кандидатты  парламентмæ сывзарынæн   президент хуъамæ бавдиса, кæцы  укæдмæ   конкурсон   комисси  саразы æмæ   райхъусын кæны конкурс.  Парламенты æрдгæй сæ сывзарыны  æмæ процедурæйы тыххæй куы зæгъæм уæд та,  ЦÆК-ы  сæрдары  æмæ уæнгты сывзарынæн пленарон  рабадтыл хъæлæскæнынад, сæрыфыццагæй  2/3-æм хайы  кворумæй  цæуы.  Кæд æмæ    ЦÆК-ы  сæрдары  2/3-æм хайæ сывзарын  не нтысы, уæд  хъæлæскæнынадл ацæуы æххæст сконды  фылдæры хайæ.  2/3-æмы кворумæй æвзæрст  ЦÆК-ы сæрдар йæ  куыстбынатыл сныан вæййы  5  азы  æмгхуыдæй, хуымтæгæ фылдæры хайæ  сфидаргонд та  – 6 мæййы æмгъуыдæй.