«Politico» - Дональд Трамп, хæсты райдайæнæй фыццаг хатт, Уæрæсейы агрессор схуыдта
АИШ-ы президент Дональд Трамп хæсты райдайæнæй фыццаг хатт Уæрæсейы схуыдта агрессор – уый фæдыл журналисттимæ ныхасы рæстæджы расидтис æмæ афтæмæй Мæскуыйы æрдæм карздæр позици равдыста.
«Лæгмард хъуамæ фæуа. Ацы къуыри дыууæ бæстæйы дæр фæмард 8000 æфсæддоны, Уæрæсейы чысыл фылдæр, фæлæ агрессор куы уай, уæд фылдæр фесафыс» – райхъусын кодта Трамп.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ Дональд Трамп раздæр не сразы Уæрæсейы архайдтытæн тæрхон кæныныл Украинæмæ ныббырсты æмæ нæ райста ИНО-йы резолюци, кæцы æххуыс кодта Украинæйы территориалон æнæхъæндзинадæн æмæ тæрхон кодта Мæскуыйы архайдтытæн. Уымæй дарддæр ма, Вашингтон афтæ дæр протест кодта «Стыр авд»-ы расидæнæн, кæцы Уæрæсейы агрессорæй снысан кодта.
Информацийæн, АИШ-ы президенты позици Мæскуыйы æрдæм аивта ацы азы сæрды, ома уый фæстæ, Путин, бирæнымæц бафæлвæрдтæм æнæкæсгæйæ, нæ сразы ис Зеленскийимæ комкоммæ ныхас ауадзыныл.