Полици Квемо Картлийы  стыр бæрц наркотиктæ систа, иу адæймаг ахст у
Полици Квемо Картлийы стыр бæрц наркотиктæ систа, иу адæймаг ахст у

Мидхъуыддæгты министрады Квемо Картлийы полицийы департаменты кусджыты æрдыгæй ауагъд оперативон мадзæлтты æмæ фæдагурæн архайдтыты фæстиуæгæн, 1992 азы гуырд Т.Л. ахст æрцыд стыр бæрц наркотиктæ æнæзакъонæй балхæныны æмæ æвæрыны æмæ æнæзакъонæй уæй кæнынмæ хъавыны аххосагæй. Информаци мидхъуыддæгты министрад парахат кæны.

Уагдоны информацимæ гæсгæ, фыдракæнды тыххæй æфхæрд цæуы 20 азы онг, кæнæ та цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын.

“Азымгонды сæрмагонд басгæрсты фæстиуæгæн барадхъахъхъæнджытæ ма байстой уæлдай стыр бæрц наркотик “Альфа ПВП”-йæ, кæцы æвæрд æрцыд уæй кæнынмæ куыд бæлвырдгæнæн йæхæдæг цы бынæттæ равдыста, уыдонæй.

Фæдагуырд цæуы уголовон кодексы 260 æмæ 19-260 статьятæм гæсгæ», – дзырдæуы МХМ-йы хъусинаджы.