Хуссар Кореяйы метеорологион центры информацийæ, Рихтеры шкъалайæ 4.6 баллы хъомысы зæххæнкъуыст æрцыд сахар Пенханы, кæцы æввахсæй-æввахсмæ 150 километры дæрццæг лæууы Пхенчханы олимпион хъæуæй.
Олимпион хъæзтыты хайадисджытæ æмæ журналисттæй æркуырдтой, фылдæр арæхтдзинад равдисын.
Хуссар Кореяйы цæрджытæ æрцæугæйæ мæтæфтыд сты, фæлæ ацы моментмæ амæттагы фæдыл информаци нæ хæлиу кæны. Прессæйы æрмæстдæр æрцæугæйы къамтæ ахæлиу сты.
Олимпиадæйы организацион комитет хъусын кæны, цæмæй стартыты ахæцыны бындур нæй.
Олимпиадæйы репортажитæм бакæсын уæ бон у ацы дæнцтыл Фыццаг Къанал / Дыккаг Къанал ( æрмæстдæр Гуырдзыстоны территоритйыл)