Пентагоны  райхъусын кодтой, цæмæй Курскы  цæугæ фæзындты  тыххæй, Уæрæсейы  æрдгæй  уавæры  эскалацийæ нæ тæрсынц
Пентагоны райхъусын кодтой, цæмæй Курскы цæугæ фæзындты тыххæй, Уæрæсейы æрдгæй уавæры эскалацийæ нæ тæрсынц

Пентагоны  райхъусын кодтой, цæмæй Курскы  цæугæ  фæзындты тыххæй, Уæрæсейы   æрдгæй  ситуацийы  эскалацийæ нæ тæрсынц.

Уый фæдыл  АИШ-ы  æфсæддон   уагдоны  уагъд  брифингыл  Пентагоны   пресспикеры хæдивæг,  Сабрина  Сингх   райхъусын кодта.

Журналисты  фарстыл, зæгъгæ нæ мæт кæнынц  Пентангоны  Курскы  хæстон  архæйдтыты фоныл  эскалацийы гæнæн  фæбæрзонддæрæй, Сингх загъта: Нæйы.

«Нæйы, уымæн æмæ  æппынфæстаг,  Украинæ  тох кæны  сæрмагонд суверенон территоритæн,  кæцытæм  ныббырста  сыхаг. Афтæмæй,   кæд нæ фæнды,  ныттынггонд уавæры ифтыгъд суадзын, хуыздæр фæндаг у,   цæмæй Путин   абон райса  уынаффæ  Украинæйæ  æфсад ракæныны фæдыл», –   райхъусын кодта  Сингх.

Афтæма йæ дзырдæй, Украинæ   алцыппæт  сараздзæн цы йæ бон у, цæмæй  адарддæр кæна   суверенон территориты фæстæмæ æрыздæхт.

Пентагоны  минæвары  дзырдæй, зæгъгæ Курскы  зылды   цæугæ  фæзындтæ ацы  сценаримæ æмбæлынц.

«Адарддæр кæндзыстæм Украинæйæн фарсхæцын  фадæттæй æмæ системæтæй, кæцытæ йæ  бахъæудзæн.  Не нхъæлæм , цæмæй  уый исты хуызæй  эскалаци  расайдзæн.  Украинæ аразы, цы  йæ хъæуы,  уый, цæмæй  уа   æнтыстджын хæсты  быдыры», – райхъусын кодта Сингх

Уый ма  бафтыдта, цæмæй Курскы  зылды  Украинæйы размæцыд, АИШ-ы  политикæимæ  æмбынатин у. фæлæ    банысан кодта, цæмæй АИШ-ы  нæу разы  Уæрæсейы  территорийы арфы  дард дистанцийыл архайæг æхсæнгазæй пайда кæнынимæ.

Украинаг фарс Курскы  цæугæ  фæзындтыл официалон  комментари ацы рæстæгмæ нæ аразы.