Пентагоны пресс-спикер – АИШ-ы хъахъхъæнынады уагдон  ницы  миниуджытæ уыны, цæмæй Путин хъавы атомон  хæцæнгарзæй спайда кæнын
Пентагоны пресс-спикер – АИШ-ы хъахъхъæнынады уагдон ницы миниуджытæ уыны, цæмæй Путин хъавы атомон хæцæнгарзæй спайда кæнын

Америкæйы Иугонд Штатты  хъахъхъæнынады уагдон, ницы  миниуджытæ фæфиппайдта, ома Владимир Путин  атомон  кæнæ «чъиззи»  бомбæйæ  спайда кæнын хъавы.  Уый фæдыл  фидиуæн  Пентагоны  пресс-спикер  инæлар Патрик Райдер  сарызта.

«Нырма  ницы фæфиппайдтам,   ницы  миниуæг, цæмæй Уæрæсейы рахастаиккой атомон  кæнæ «чъиззи»  бомбæйæ  спайда кæныны фæдыл  уынаффæ,  кæнæ та  хъавынц уымæй спайда кæнын», – райхъусын кодта Райдер.

Йæ  дзырдæй,  зæгъгæ АИШ-тæ  уавæры цыдмæ лæмбынæг йæ хъус дары.