Пентагон æнæбæрæг тæхæг объектты иртасаг сусæг программæйыл бахардз кодта 22 милуан доллар

2008-2011 азты Пентагон сусæгæй бахардз кодта  22  милуан  доллар   зæгъæн ис æнæбæрæг программæйыл,  кæцыйы   нысан дæр уыд  æнæбæрæг  тæхæг объектты  (ÆТО)  æрдгæй  цæугæ тасы  раиртасын.   Уый фæдыл  хъусын кæны  «The New York Times».

Ай у фыццаг цау,  Пентагон  ацы программæйы  уæвынадыл куы  басастис.

Раздзог авиацион тасы   идентификацийы   программæ (Advanced Aerospace Threat Identification Program)2007 азы  сырæзт   æфсæддон бæрæгдзау  агентады  сконды,  навадайаг  сентаоры  Харри  Рейды  æркуырды бындурыл.

Æнæкæсгæ уымæ, цæмæй  2012-æм азы  программæйæн урдæ æрцыд паддзахадон финансдзинад, уый йæ куыст нæ  баурæдта æфсæддон-бæрæгдзау  чиновникы,  Луис  Элисондойы  къухдариуæгæй.

Рауагъдады хъусинагæй,  Пентагоны æрдгæй  финансдзинады аскуыныны æмæ  йæ  тыхархайды æрдæм  цыфæндыйы ахастæй  ныфссаст Элисондо октябры  йæ куыстæй йæхи систа.

«The Times»-ы  хъусинагæйхъахъъхæнынады  нымæрдар Джеймс Метисмæ æрвыст   куыстуагъды фæдыл  фыстæджы, Элисондо  дзуры, цæмæй  хицауад зæгъгæ хъуамæ райдайа  «Денджызон флоты  æмæ æндæр  сервистæн,  æнахуыр уæлдæфон  системæтæй  цæугæ  куылымпыдзинæдты серьозон иртасын  æмæ   равдиса  фæдылдзог  фæлтæры фæрæзтæ».

Программæйы  райдиан азты,  Пентагон   рауæлдайгонд  22 милуан  долары  стыр  хай ратта  Роберт Биглоуы  сæрмагонд  аэрокосмикон   компанийæн.  Ацы миллиардер  бизнесменæны  уырны, цæмæй  зæххы æддæ  цивилизацитæ  ис æмæ  нæ планетæмæ арæх фæуазæг вæййынц.

 

Ай нæу фыццаг   цау,  АИШ-ы  хицауад æнæбæрæг  тæхæг объектты  (ÆТО)  æмæ  æндæр космикон феноментæ кæй  ахуыр кодта уый.

CIA –ы анализтæм гæсгæйæ,  1947 азы  АИШ-ы  æфсæддон-уæлдæфон  тыхтæ  ауагъдтой проект, кæцыйы ныан уыдис  «ахæм фзындтимæ баст  алы информацийы  æрымбырд кæнын,  бахыгъд кæнын, аргълæвæрд æмæ   йæ хицауадмæ бавдисын.  Программæ   æнцой уыд уырнынадыл, цæмæй æнæбæрæг  тæхæг объекттæ  (ÆТО)  гæнæн ис æцæгæй дæр уа æмæ  тæссаг уой националон æдасдзинадæн».

Ацы иртасæны   фæдыл  сырæзт  проектытæ «Grudge» æмæ «Blue Book». Сæ дыууæ нысан уыд – (ÆТО) –ы  бæрæггæнæнты бамбырд кæнын  æмæ  гæнæн  тасы  анализ скæнын.