Патриархийы Синоды рабадт цæуы, цы ран Патриархы постмæ æвзæрст æрцæудзæн æртæ кандидаты
Патриархийы Синоды рабадт цæуы, цы ран Патриархы постмæ æвзæрст æрцæудзæн æртæ кандидаты

Гуырдзыстоны Патриархийы Сыгъдæг Синод ацы рæстæгмæ æмбырд кæны. Фембæлдыл Синоды уæнгтæ Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы постмæ æртæ кандидаты равзардзысты.

Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархмæ кандидат хъуамæ æххæст кæна ахæм домæнтæ: хъуамæ уа гуырдзиаг националондзинад, уа Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуаны епископ, уа дины ахуырад æмæ аргъуаны къухдариуæгады фаг фæлтæрддзинад, 40 азæй кæстæр ма уа æмæ 70 азæй хистæр ма уа, æмæ моладзан.

Синоды алы уæнгæн дæр ис бар бавдисын иу кандидаты Патриархы бынатмæ, уыимæ йæхи кандидатурæ дæр.

Синоды сеппæтæй фылдæр хъæлæстæ чи райса, уыцы æртæ епископ патриархалон паддзахбадæны кандидаттæй бавдыст æрцæудзысты æмæ уæрæхгонд советы хъæлæсæппæрсты хайад райсдзысты.

Кæд æмæ советы хъæлæсты æрдæгæй фылдæр иу кандидат дæр нæ райсдзæн, уæд хъæлæсæппæрсты ногæй уагъд æрцæудзæн. Хъæлæсæппæрсты архайдзысты уыцы дыууæ кандидаты, кæцытæ фыццаг туры сеппæтæй фылдæр хъæлæстæ райстой. Уæрæхгонд советы Католикос-Патриархы равзарыны тыххæй хъæлæсæппæрсты архайынц æрмæстдæр епископтæ. Æвзæрстгондыл нымад цæуы уыцы кандидат, кæцы райса æрæмбырдуæвæг епископты хъæлæсты æрдæгæй фылдæр.

Аргъуаны къухдариуæгады фæдыл уагæвæрдмæ гæсгæ, уæрæхгонд советы æрсидты датæ бæрæггонд цæуы афтæ: Патриархы амæлæтæй 40 боны фæстæ хъуамæ сырæза, фæлæ дыууæ мæйæ фæстæдæр ма уа.

Синод абон хъуамæ сбæлвырд кæна советы датæ.