Сыгъдæг Синоды рабадт абон Гуырдзыстоны Патриархийы сырæздзæн. Сессийыл, кæцы 12:00 сахатыл райдайдзæн, Синоды уæнгтæ Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархаты æртæ кандидаты равзардзысты.
Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархаты кандидат хъуамæ æххæст кæна ахæм домæнтæ: националондзинадæй уа гуырдзиаг, Гуырдзыстоны рæстдинон аргъуаны хистæр сауджын, дины ахуырад æмæ аргъуаны хицауиуæгады фаг фæлтæрддзинад, æппынкъаддæр цыппор азы кары æмæ æвдай азæй фылдæр ма уа, æмæ моладзан.
Синоды алы уæнгæн дæр ис бар бавдисын иу кандидаты патриархатмæ, уыимæ йæхи кандидатурæ дæр.
Æртæ хистæр сауджыны, кæцытæ Синоды фылдæр хъæлæстæ райсдзысты, уæрæхгонд æмбырды æвзæрстытæм балæудзысты патриархаты кандидаттæй.
Кæд æмæ æмбырды хъæлæсты æрдæгæй фылдæр иу кандидат дæр нæ райсдзæн, уæд уагъд æрцæудзæн дыккаг хъæлæсæппæрст. Архайынц дзы дыууæ кандидаты, кæцытæ фыццаг бюллетены райсдзысты фылдæр хъæлæстæ.
Уæрæхгонд æмбырды Католикос-Патриархы равзæрсты хъæлæсæппæрсты архайынц æрмæстдæр патриархтæ. Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархæй æвзæрст кандидат, кæцы ассамблейы хайадисæг патриархты хъæлæсты æрдæгæй фылдæр райсдзæн.
Уымæй уæлдай ма, уæрæхгонд æмбырд æрæмбырд кæныны датæ бæрæггонд цæуы Аргъуаны разамынд æмæ правленийы уагæвæрдтæй – æмбырд уагъд цæуы Патриархы амæлæтæй 40 боны фæстæ, фæлæ дыууæ мæйæ фæстæдæр нæ.
Æмбырды датæ Синод абон хъуамæ сбæлвырд кæна.