Парти «Гуырдзыстоны Тыххæй» хицауадæй домы Михеил Саакашвилийы æфхæрдæххæстгæнæг уагдонмæ аргъæвын
Курæг стæм «Оцнэбайæ» ныууадзæт разæвзарæнон спектакль, ма пайда кæнæт тæрхондонæй сæрмагонд разæвзарæнон пиарнысæнттæмæ баххæссынæн, ма æххуыс кæнæт «Нацзмæлдæн» ногæй баиу кæныны æмæ аргъæвæд Михеил Саакашвилийы æфхæрдæххæстгæнæн уагдонмæ – уый фæдыл парти «Гуырдзыстоны тыххæй»-ы уæнг Михеил Даушвили абоны брифингыл райхуъсын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ «Фæсарæйнаг бæстæйы æмбæстаг, ахæстонон палатæйы уæвæг зылнмæ лæвæрд, æххæстаргъджынæй исы хайад националон политикон процессты, кæцы йын тобæ кæны закъон, фæлæ йын нæ тобæ кæны æмæ уæлдайдæр уый бар йын дæтты «Оцнэба».
«Уый фыццаг цау нæу, уый у кампанион равгы фæзынд. Кæцыйы нысан у 2024 азы æвзæрстытæм иу æрдгæй пырх «Нацзмæлды» аирвæзын кæнын æмæ иннæ рдгæй, Саакашвилийæ æмæ йæ «Нацзмæлдæй» Гуырдзыстоны æмбæстæгты радон хатт тæрсын кæнын.
«Курæг стæм «Оцнэбайæ» ныууадзæт разæвзарæнон спектакль, ма пайда кæнæт тæрхондонæй сæрмагонд разæвзарæнон пиарнысæнттæмæ баххæссынæн, ма æххуыс кæнæт «Нацзмæлдæн» ногæй баиу кæныны æмæ аргъæвæд Михеил Саакашвилийы æфхæрдæххæстгæнæн уагдонмæ (ног азы бæрæгбоны фæсæ уæддæр).
Афтæма, хицауад сифтонг кæнæд Гуырдзыстоны закъондæттынады сæххæст æмæ ма дæттæт фæсарæйнаг бæстæйы æмбæстагæн бæстæйы мидæг политикон процесстæм баиу кæныны æмæ хайад райсыны бар» – райхъусын кодта Даушвили.