Парти «Гуырдзыстоны Тыххæй» хицауадæй   домы Михеил Саакашвилийы æфхæрдæххæстгæнæг уагдонмæ аргъæвын
Парти «Гуырдзыстоны Тыххæй» хицауадæй домы Михеил Саакашвилийы æфхæрдæххæстгæнæг уагдонмæ аргъæвын

Курæг стæм  «Оцнэбайæ»  ныууадзæт  разæвзарæнон спектакль,  ма пайда кæнæт тæрхондонæй сæрмагонд разæвзарæнон  пиарнысæнттæмæ баххæссынæн, ма  æххуыс кæнæт «Нацзмæлдæн»  ногæй баиу кæныны æмæ аргъæвæд  Михеил Саакашвилийы  æфхæрдæххæстгæнæн уагдонмæ – уый фæдыл  парти «Гуырдзыстоны тыххæй»-ы уæнг Михеил Даушвили   абоны брифингыл  райхуъсын кодта.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ «Фæсарæйнаг бæстæйы æмбæстаг,  ахæстонон палатæйы  уæвæг зылнмæ лæвæрд, æххæстаргъджынæй исы хайад националон  политикон процессты, кæцы йын тобæ  кæны  закъон, фæлæ  йын нæ тобæ кæны æмæ уæлдайдæр  уый бар йын дæтты «Оцнэба».

«Уый фыццаг цау нæу, уый у  кампанион равгы  фæзынд. Кæцыйы  нысан у 2024 азы  æвзæрстытæм иу æрдгæй  пырх «Нацзмæлды» аирвæзын кæнын æмæ иннæ рдгæй, Саакашвилийæ æмæ йæ «Нацзмæлдæй»  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты радон хатт тæрсын кæнын.

«Курæг стæм  «Оцнэбайæ»  ныууадзæт  разæвзарæнон спектакль,  ма пайда кæнæт тæрхондонæй сæрмагонд разæвзарæнон  пиарнысæнттæмæ баххæссынæн, ма  æххуыс кæнæт «Нацзмæлдæн»  ногæй баиу кæныны æмæ аргъæвæд  Михеил Саакашвилийы  æфхæрдæххæстгæнæн уагдонмæ (ног азы бæрæгбоны фæсæ уæддæр).

Афтæма, хицауад сифтонг кæнæд  Гуырдзыстоны  закъондæттынады  сæххæст æмæ ма дæттæт фæсарæйнаг бæстæйы æмбæстагæн бæстæйы  мидæг политикон  процесстæм баиу кæныны æмæ  хайад райсыны бар» –   райхъусын кодта Даушвили.