Парламенты фæдагуырдон комитетмæ æнæбацыды тыххæй Гиоргий Вашадзейы хъуыдтаг прокуратурæмæ æрвыст æрцæудзæн
Гуырдзыстоны парламенты «2003-2012 азты Режимы æмæ йæ политикон бæрнонты архайдтыты фæдыл рæстæгмæ фæдæвзарæн къамисы» рабадтмæ Гуырдзыстоны парламенты «Стратегиа -Агъмашенебели»-ы лидеры, Гиоргий Вашадзейы хъуыддаг прокуратурæмæ æрвыст æрцæудзæн. Уый фæдыл уынаффæ парламентон комисы абоны рабадтыл райстæуыд.
Фарст хъæлæсæппæрстмæ комисы сæрдар Теа Цъулукиани снысан кодта.
«Гиоргий Вашадзе къамисы рабадтмæ хуынд æрцыд 10:00 сахатыл. Процедурон æгъдауæй йын бæлвырдæй фехъусын кодтой, цæмæй хъуамæ æрбацыдаид 10:00 сахатыл. Æппæт параметртæм гæсгæ, рацыд æмбæлон рæстæг, рабадтмæ куы хъуамæ æрбацыдаид, уæдæй æмæ нæ æрбацыд. Документалонæй бæрæг у, цæмæй йæм æрсидтысты бæлвырд боны рæстæг, фæлæ, куыд уынæм афтæмæй, уый нæ фæзынд Уымæ гæсгæ, æз хъæлæсæппæрстмæ æвæрын Гуырдзыстоны прокуратурæмæ æрвыст фарста, кæцы æнхъæлмæкæсинаг у уголовон кодексы 349 статьяйы фехæлды фæдыл», – райхъусын кодта Цъулукиани фарста хъæлæс кæныны размæ.