Парламентон фылдæрты æмæ оппозицийы уæнгтæ, «Синофармы» вакцинæ сæхицæн комкоммæ эфиры сарызтой
Парламентон фылдæрты æмæ оппозицийы уæнгтæ коронавирусы ныхмæ «Синофармы» вакцинæ сæхицæн комкоммæ эфиры сарызтой.
Уыдон вакцинаци Николоз Хъипшидзейы номыл централон университетон клиникæйы «Республикон Рынчындон) ауагъдтой.
«Синофармы» вакцинæйæ ацы рæстæгмæ фылдæрты уæнгтæй схæи бафтыдтой: Шалва Папуашвили, Нино Лацабидзе, Николоз Самхарадзе, Гиорги Амилахвари, оппозицийæ та, Теона Акубардиа, Паата Манджгаладзе, Автандил Энукидзе.
«Сидын алкæмæ дæр, сæхи низы ныхмæ бафтауæт. Вакцинацийы процесс иттæг нысаниуæгджын у цæмæй пандеми фæуа. Бæстæ байгом уа, суæгъд уа экономикæ, фервæзын кæнæм цæрджыты. Алокæмæ сидын, цæмæй ацы процессмæ баиу уæд æмæ вакцинæ саразæт» – загъта Шалва Папуашвили.