Парламентон фылдæртæ сæхи уромынц оппозицийы минæвæрттæн депутатон мандаттæ аивыныл
Парламентон фылдæртæ оппозицийы минæвæрттæн мандаттæ аивынæй сæхи уромынц.
Уый фæдыл парти «Гуырдзиаг Бæллиццы» централон офисы парламентон фылдæрты рабадты фæстæ партийы сæрдар Ираклий Къобахидзе райхъусын кодта.
Гуырдзыстоны дæсæм æрсидты Парламент абоны пленарон рабадтыл фыццаджы дæр æркæсдзæнис парламентон оппозицимæ бацæуæг 51 депутаты куырдиат, уыдонæн депутатон æххæстбартæ аскуынынмæ гæсгæ.
51 оппозиционеры тыххæй процедурон фарстæты комитет ивгъуыд къуырийы фæуынаффæ кодта æмæ нысанæмрастыл банымадта, цæмæй сын депутатон æххæстбартæ урæд æрцæуой. Комитеты хатдзæг бавдыст уыдзæн бюромæ. Регламентмæ гæсгæйæ, депутатон æххæстбарты аскъуынын хъæуы пленарон рабадтыл 50 депутаты разыдзинад.
54 оппозиционер депутат парламентмæ бавдыстой куырдиат сæ депутатон æххæстбартæ аскуыныны тыххæй. Уый æфсонæн та æрхастой парламентон æвзæрстыты фальсификаци æмæ дæсæм æрсидты парламентæн расидтысты бойкот.