Парламентон фылдæртæ рахастой уынаффæ, ногæй  райдайæт импичменты процедурæ Саломэ Зурабишвилийы ныхмæ
Парламентон фылдæртæ рахастой уынаффæ, ногæй райдайæт импичменты процедурæ Саломэ Зурабишвилийы ныхмæ

Парламентон  фылдæртæ  рахастой  уынаффæ, ногæй райдайæт   импичменты  процедурæ Саломэ Зурабишивлийы  ныхмæ æмæ ног æрсидты парламенты фыццаг рабадтытыл   Зурабишвилийæн æнæкъаддæр 100 хълæсæйы  импичменты  уагæй  йæ  йæ  постæй  сисдзысты – уый фæдыл   «Картули оцнебайы»  политсоветы уæнг, парламенты  сæрдар. Шалва Папуашвили   партийы  офисы  уагъд  брифингыл  райхъусын кодта.

Йæ  дзырдæй,  зæгъæг 2023 азы   16 октябры   конституцион  тæрхондон   сбæлвырд кодта Гуырзыстоны  Конституцийы  52-æм  статийæ  бæрæг уаг, ома   президентæн  фæсарæнтæм визиты сыххæст бар ис  æрмæстæр  Гуырдзыстоны  хицауадæй  разыдзинады цауы.

Шалва Папуашвилийы дзырдæй,  зæгъгæ Саломэ Зурабишвили  адарддæр кодта  КОнституцийы  халын  æмæ сыххæст кодта цалдæр  æддагон визит Гуырдзыстоны  хицауадимæ æнæсразыйæ.   Сæ нымæцы  Фарнцмæ, Германимæ, Польшæ æмæ Бельгимæ.

«НÆ КОнстититуци уыцы фкундаментон акт у, кæцыйы  гуырдзиаг адæмы фæнд  сæрмагондæй  фæзыны, уый  тыххæй   йæ  фæнд, æргом æмæ  къæйных   саст, æнæреакцийæ нæ баззайдзн.

Уый тыххæй  дæр,   парламентон фылдæртæ  рахастам уынаффæ,  ногæй   райдайæм импичменты  процедурæ æмæ æрцæттæ кæнæм  ног конституцион  бавдыст, кæцы  Гуырдзыстоны  конституцион   тæрхондонмæ бавдыст уыдзæн   парламентон æвзæрстыты онг.

Гуырдзыстоны  конституцион   тæрхондонæй  конституцийы  састы  сбæлвырды  фæстæ, ног  æрсидты  парламент, фыццаг  рабадтытыл,  Саломэ Зурабишвилийы, æнæкъаддæр 100  хъæлæсæй  йæ  постæй  сисдзæн.

Куыд æй зонут афтæмæй Саломэ Зурабишвилийæн цæугæ  азы  æнæуый  дæр фæуд кæны  йæ æххæстбарты æмгхъуыд.  Уый адыл, импичменты уагæй  йæ  сисынæй, Саломэ Зурабишвилийæн  æххæстбарты æмгъуы максимум иу  мæййæ  фæкъадæр уыдзæн.  Уымæ гæсгæйæ, импичменты  уагæй  йæ  постæй сисынæн, æххæстабрты  æмгхъуыды æргæй, ис  символон  равг, фæлæ  иттæг принципон у, ацы  уынаффæйы  барадон æмæ политикон  нысаниуæг.

Нæй гæнæн  гуырдзиаг адæмы сæйраг   закъоны, барæй, гуырымыхъхъ æмæ систематонæй халындзинад æнæфхæрдæй ныууадзæм.   КОнстиутци ахлæг  Саломэ Зурабишвилийæн хъуамæ баззайа  рахдæры президенты нæ фæлæ,  æппæрст президенты  статус, кæцы, куыд прецедент,  сыххæст кæндзæн иттгæ нысаниуæгджын роль  фидæны ахæм   хивæнддзхинад  маурадзынæн æмæ гуырдзиаг демократийы  сфидар кæнынæн» –  райхъусын кодта Шалва Папуашвили.