Саломэ Зурабишвили – мæ бынатæй мæхи не суæгъд кæндзынæн, никæдæм цæуын
Саломэ Зурабишвили – мæ бынатæй мæхи не суæгъд кæндзынæн, никæдæм цæуын

Фæнды мæ  оппозицийæн иу  уынаффæ раттын, кæд сæ  тыхджыны  имиджы хъæуы,  уæд æддæйæ хъуамæ  лæууæт, мидæгæй  та æз уыдзынæн – уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили   абоны   сидты  рæстæджы  райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ Конституцион тæрхондоны уынаффæйы онг йæхи урæдта  ацы  фарстайыл дзурынæй.

«Æцæгæй уын куы зæгъон, абон   цъус мæ  зæрдæ фæрыстис, фæлæ ацы бæстæйы  нырид мæм дис ницыуал кæсы.  Æцæгдæр  мæм дис нæ фæкаст  абоны фæстиуæг, фæлæ мæ зæрдæ фæрыст  уыцы  конституцион тæрхондоны тыххæй,  кæцы  абоны бонмæ баззад, куыд  нæ барады системæйы  иуæ-иу бынат, цы ран нырма  бæрæг бæрцæй æууæнкы аккаг уыдис тæрхондон.  Абонæй нырид  уый дæр нал ис, ахæм уынаффæ рахаста   конституцион   тæрхондон, кæцы йæм худинаггаг хъуамæ уаид. Иунæг, æртæ адæймагæй,  конституцион тæрхондонæй  фылдæр сæхи сæрмагонд репутаци аирвæзын кодтой. Уый бæстæйæн  у  тынг стыр  знаггад, ныридæгæн,  практиконæй алы  хæдбар институт  афтæ  сахъатджын куы у  уæд æмæ куыннæуал баззадтс хæдбарады иргъæвæг  институт  ацы бæстæйы,  иуы йеддæмæ –  президенты» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ хъавы  импичменты фарстайы  хъæлæскæныны рæстæджы  парламентмæ бацæуа.

«Уый у   «Оцнебайы» архайд, фæлæ «Оцнеба» (Бæллиццы)  бæллыццыты  рæстæг аивгъуыд.  Сæ бæллиццытæ  сын нæ фæраст кæндзынæн. Никæдæм ацæудзынæн.  Ныр сæхæдæг хъуыды кæнæт,  стæй ма кæцы Саломэ Зурабишвили сын уыд  хуыздæр,  уый мын  ницы уæлдай у. Æз хъуыды кæнын, кæм рабæздзынæн  ацы  бæстæйæн фылдæр, кæнæ  куыд   сæрибар политик, кæнæ  президент, кæцы  адарддæр кæндзæн йæ  мандат æххæст кæнын.   Уый нын равдисдзæн æввахс фидæн,  куыд уыдзæн æмæ цы уыдзæн, фæлæ  сымахæн мæ фæнды  зæгъын,  цæмæй иумæ,  уымæн æмæ мæ тыхджын уырны, цæмæй æппæт дзыллæ  ацы  европаг  фæндагыл  баиу ис, мах иумæ баххæссдзыстæм ацы  фæстиуæгмæ, фыццаг фæстиуæгмæ ацы азы кæрон, куыд фæндыдæр  куылмпы  кæнæт  мидæгæй  чидæртæ, æмæ фидæн азы кæрон та  уыдзæн  фæдылдзог этап. Иу афæдз нын ис, афæдз æмæ æрдæг æмæ ай æппæтмæ баххæсдзытæм.  Баххæсдзыстæм афтæдæр уæгъдибар æвзæрстытæм. Ныфс  ма фесафут.   Иумæ нæ бон алцыдæр бауыдзæн. Парламентмæ дæр бацæудзынæн æмæ  хæдæгай, цæмæй  уыцы  гыццыл  лæгты æхсæн слæууон, уый тыххæй мæ никæй  фарсхæцын  бахъæудзæн.  Ныр акæй аскуыддзагкæнинаг  у, æз никæмæн ницы  амондзынæн, фæлæ мæ фæнды  иу уынаффæ  раттын оппозицийæн, цæмæй сæ кæд фæнды  тыхджыны имидж, уæд æддæйæ   æрлæууæт, лæууæт  ацы антиевропаг  импичменты ныхмæ.  Мидæгæй та æз уыдзынæн, кæд мын дзырдæй ралæуды фадат ратдзысты уæд   дзырдæй дæр ралæудзынæн.  Науæд та  рацæудзынæн  æмæ алцыппæт зæгъдзынæн, зæгхинаг цы ис уый.  Уый тыххæй ацы  фарсхæцыны тыххæй,  кæцыйы  хатын, зонын, цæмæй ис уый бæстæйы, базныг  æмæ иумæ  тох кæнæм кæронмæ» –  бафтыдта ма  Саломэ Зурабишвили.