Паризы  æрцæугæ  срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты  нымæц  цыппармæ  схызст
Паризы æрцæугæ срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц цыппармæ схызст

Паризы  æрцæугæ  срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардуæвджыты  нымæц  цыппармæ  схызст.  Уый фæдыл бынæттон  медиа  хъусын кæны. Бæрæг куыд у афтæмæй,    æвзонг сылгоймагы  марды ссардтой  цауы бынатыло   кæлддзæгты бын.

Цæф сты 50-ы  онг адæймаг. Уыдонæй  10  критикон уавæры сты.  Фæмардуæвджыты  æхсæн дыууæ  зынгвæдисон  æмæ иу  испайнаг  турист сты.  Цыппæрæм амæттаг æвзонг сылгоймаг  та  уыцы бæстыхайы  цардис, кæцыйы дæр стынд æрцыд.

Францы  сæйраг сахары, иуæй-иу  кæрдзынфыцæны  æрдзон газы рахъарыны фæстиуæгæн,  стынд æрцыд 12  янары, цæй фæстæдæр  бæстыхайы  фæзынд арт.  Сæйраг сахары централон  хайы стынды фæстиугæн, кæрдзынфыцæнимæ иумæ, базиан  сты хæстæ уæвæг  бæстыхæйттæ æмæ цалдæр автомобиль.

Цауы бынатыл   ацы рæстæгмæ   мобилизацигонд у,  ирвæзынгæнæн  куысты  цалдæр къорд.