Паоло Алли - Иу бон Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг, уæдмæ та хъуамæ фæарфдæр кæнæм æмгуыстад
Иу бон Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг, уæдмæ та хъуамæ фæарфдæр кæнæм æмгуыстад, уый фæдыл НАТО-ы парламентон ассамблейы президент, Паоло Алли Батумы, НАТО-йы парламентон ассамблейы Роуз-Россы 97-æм семинарæй дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Йæ ныхстæм гæсгæ, альянсы партнердзинад – уæнгдзинад нæу æмæ уымæн та зæгъгæ хъæуынц фæдылдзог реформæтæ, фæлæ ивдтытæ æнæмæнгхъæуæг сты.
«Гуырдызстон æмæ Сау Денджызы регионы æдасдзинад у Европæйы æдасдзнады хай, ам цы æрцæудзæн, уый æнæмæнгæй бандавдзæн Европæмæ дæр, фæнды нæ ацы регион уынæм куыд сæрибарæй рæзгæ регион афтæ.
Абон æрымбырд стæм æнæмбарындзинады фоныл, кæцы регионы сырæзт, Уæрæсе оккупаци скодта Гуырдзыстоны регионтæ, анексиргонд у Хъырым, уæззау уавæр архайы Украинæйы, Уæрæсæ тох æны, цæмæй йæ позицитæ фæфидар кæна Сирийы, цы ран комкоммæ кусы Асады режиммæ. Альянсы раз лæууы стыр рард, стабилондзинады, æдасдзинады æмæ демократийы химæ æруадзыны цæстæнгасæй» – заг]та Паоло Алли.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдызстон евроа-атлантикон структурæтæм интеграцийы диссаджы дæнц у зæгъгæ.
«Ацы интеграци у трансформацийы фадат – демократийы æмæ экономикон рæзынады гарант. Зонæм, куыд тыхджын тырны Гуырдзыстон евро-атлантикон интеграцийы баххæссын. НАТО, Евроцæдлис æмæ Гуырдзстон иумæ хъуамæ бацархайой, цы динамика адарддæр кæнын»- банысан кодта НАТО-йы парламентон ассамблейы президент.
Паоло Аллийы ныхæстæм гæсгæ, 2008 азы Уæрæсейы агрессийы рæстæджы НАТО хъæддыхæй æмæ оперативонæй равдыста реакци æмæ сарызта НАТО-Гырдзыстоны парламентон ассамблей.
2018 аз иттæг нысаниуæгджын у Гуырдзыстонæн, бæстæйы бархионы 100 азы юбиле куы банысан уыдзæн. Æртæ азмæ йеуæд тынг æвзонг республикæ, стыр æнтыстмæ баххæссыд, фæлæ 1921 азы сырх æфсад скуынæг кодта европæйаг перспективæтæ» – банысан кодта НАТО-йы парламентон ассамблейы президент.
Батумы Гуырдызстны парламентимæ æмгуыстгæнгæйæ, НАТО-йы парламентон ассамблейы Роуз-Россы рæнхъæй 97-æм семнар – «Гуырдзыстон æмæ Сау Денджызы регион ног геополитикъон боны фæткъы» байгом ис. Семинар 25 апрелы фæуыдзæн.