Пъæлицæй  Поничъалайы æхсæз ставд наркореализаторы æрцахста
Пъæлицæй Поничъалайы æхсæз ставд наркореализаторы æрцахста

Пъæлицæй  Поничъалайы  æхсæз   ставд наркореализаторы   æрцахста, –  уый фæдыл   мидхъуыддæгты  министрады  централон  криминалон пъæлицæйы  департаменты  директор, Мамука Чъелидзе   уагдоны  лæвæрд   брифингыл  райхъусын кодта.

«Барадхъахъхъæнджытæ  тæрхонгæнæджы  барамындыл æнцойæ,   цалдæр хатт  сæххæст кодтой  зылынмæ лæвæрдтæй   наркотикон фæрæзты   контролон  балхæд æмæ  фæнысангонд  балхæды   сусæг аудио-видео  ныффыст саразын.   Пъæлицæй æрцахстуæвджыты  сæрмагонд æмæ цæрæн хæдзæртты  джигулы  рæстæджы,  68 тыхтон  «героин» æндæр æмæ æндæр  хуызы наркотиктæ æмæ суммæ  бæлвырдгæнæнæй  систа.

Фæдæвзарæн, Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады  кодексы  260-æм, 261-æм ,  273-æм  æмæ 236-æм  статитæй  цæуы,  кæцы  сæрмагондæй  стыр бæрцæй  наркотикон   фæрæзты  æнæзакъонон  реализаци,  марихуанайы  æнæзакъонон балхæд-бавæрын, афтæдæр  æхсæнгарзы  æмæ хæцæн æрмæджыты  æнæзакъононæй  балхæд-бавæрын дары  йæ  хъуыдыйы», –  райхъусын кодта  Мамука Чъелидзе.

Афтæма  йæ  информацийæ, 2019 азы   фыццаг январæй   абоны онг, мидхъуыддæгты министрады кусжыты  сæххæст  оперативон-фæдæвзарæн мадзæлтты  фæстиуæгæн   ист  æрцыд: 31000 таблеткæ «Суботекс» æмæ «Субоксин»,  32  килограмм «героин»,  2  килограмм æмæ  200 грамм «кокаин», 22 килограм  æмæ  10 литр  наркотикон  фæрæз «Альфа ПВП», 25  килограмм  «МДМА, 10 килограмм æмæ  500 грамм  ног психотропон   буарад  æмæ   дыууæ килограммы онг психотропон  препараттæ.