Пъæлицæй хæдизоляцийы фæтксасты тыххæй, карантинмæ ноджы 28 адæймагы фæхæццæ кодта
МХМ-ы хъусинагæй, 17 марты, иумæйаг мониторингы фæстиуæгæн, хæдизоляцийы фæтксасты ноджы 28 факт фæбæрæг ис.
«Тбилисы, Имереты, Самегрелойы, Кахеты, Мцхета-Мтианеты, Квемо Картли, Шида Картли, Самцхе-Джавахеты, Гуриа æмæ Ачъарайы регионты, æмбæстæгтæ, кæцытæ хæдизоляцийы уагæвæрд састой, карантины зонæмæ тыхыбын æрвыст æрцыдысты.
Хæдизоляцийы уагæвæрд халыны тыххæй, карантины зонæтæм, тыхыбын уагæй, æмтгæй райсгæйæ, фæхæццæ кодтой 99 адæймагы.
Мидхъуыддæгты министрад сиды æмбæстæгтæм, равдисæнт бæрзонд æмбæстагон бæрн æмæ бакоммæ кæсæнт фæнысангонд регуляцитæн» – баынсангонд у МХМ-ы информацийы.