ПÆК-ы информацийæ, Моладзан Габриел Салосы уынгыл иу гоймаг ахст у, спецопераци дарддæр кæны
Моладзан Габриел Салосы уынгыл спецоперацийы фæстиуæгæн ахст у иу гоймаг, æрмæст иннæ уæнгты æрцахсынæн операци дарддæр кæны. Уый фæдыл абоны пресс-конференцийыл фехъусын кодта паддзахадон æдадсзинады куысты пресс-куысты къухдариуæггæнæг Нино Гиоргобиани.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, развæлгъау информацийæ фæнысангонду уæнгтæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ не сты æмæ сты террористон организацийы уæнгтæ.
«Цалдæр сахаты дæргъы, паддзахадон æдасдзинады контртеррористон департамент, операцийы райдиан этапыл бадзырдтæ арзыта уыдонимæ, цæмæй сæхи раттой барадхъаххъæнджытæм, цæуылдæр террористтæ не сразы сты. Фыдгæнæг къорды уæнгтæ автоматон æхсæнгарзæй райдыдтой æхсын афтæдæр фехстой цалдæр гранатæ. Æхсты фæстиуæгæн ПÆК специалон опреативон департаменты иу кусæг фæцæф ис.
Ацы рæстæгмæ фæнысангонд уæнгты идентификацийон мадзæлттæ цæуынц уагъд. Уыдоны фыдгæнæгон цæдисты сбæрæг кæныны нысанæй, фæдæвзарæн мадзæлттæ дарддæр кæнынц, куыд Гуырдзыстоны – афтæдæр йæ арæнты æддæйæ» – расидтис Гиоргобиани.