ПÆК - Хъæу Меджврисхевмæ хæстæг Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ æнæзакъононæй æрцахстой Гуырдзыстоны æртæ æмбæстагы
Фыццаг ноябры Гуры муниципалитеты хъæу Меджврисхевмæ хæстæг, Уæрæсейы оккупацион тыхты минæвæрттæ æнæзакъононæй æрцахстой Гуырдзыстоны æртæ æмбæстагы – уый фæдыл паддзахадон æдасдзинады куыст хъусын кæны.
ПÆК-ы куыд фехъусын кодтой афтæмæй, æнæазконон æрцахсты фæдыл информаци райстæй уайтагъд паддзахадон æдасдзинады куыст адзырдта евроцæдисы цæстдарæг миссийы фæрцы архайæг «тæвд хаххмæ».
«Æрцæугæйы тыххæй информаци æнæаргъæвгæйæ лæвæрд уыд æхсæнадæмон партнертæм æмæ Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæм. Гуырдзыстоны централон хицауад скусын кодта уымæ уæвæг алы механизм æрцахстуæвæг уæнгты цыбырдæр æмгъуыдтæм ссæрибар кæнынæн.
Æнæзакъонон æрцахстыты знаггадгæнæг практикæ арæн кæны сæрибар змæлды фундаментон бар, нысаниуæгджынæй фыддæдæр кæны бынатыл æдасдзинады уавæр æмæ тас хæссы регионы уæвæг стабилондзинадæн. Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл, афтæ куыд оккупацион хаххмæ хæстæг сæххæст деструктивон архæйдтытыл бæрн æвæрд цæуы оккупацион тыхтыл» – хъусын кæнынц ПÆК-ы.