Паддзахадон Департамент – æвзæрстытыл OSCE-ы цæстдарджытæ фехъусын кодтой, цæмæй æвзæрстыты фыццаг раунд уыд конкурентджын æмæ фундаментон сæрибардзинæдтæ хъахъхъæд уыд
31 октябры парламентон æвзæрстытыл OSCE-ы арæнгонд нымæцы цæстдарджытæ развæлгъау аргълæвæрды мидæг фехъусын кодтой, цæмй æвзæрстыты фыццаг раунд уыд конкурентджын æмæ иуæймаг фундаментон сæрибардзинæдтæ хъахъхъæд уыд, – уый фæдыл дзырдæуы АИШ-ы падздахадон департаменты адæймаджы барты æрдгæй уæвæг уавæры фæдыл публикацигонд хыгъдлæвæрды, кæцыйы Гуырдзыстоны уæвæг уавæр афæлгæстой.
Сæрмагондæй та, документы мидæг банысангонд у, цæмæй 31 октябры парламентон æвзæрстытыл OSCE «Ковид-19»-ы пандемийы тыххæй, цæстдарджыты арæнгонд нымæцæй арвыста.
Афтæма документмæ гæсгæйæ, развæлгъхау аргълæвæрды, цæстдарджытæ райхъусын кодтой, цæмæй æвзæрстыты фыццаг раунд уыд конкурентджын æмæ фундаментон сæрибардзинæдтæ уыд хъахъхъæд, фæлæ «æвзæрстæгнджытæм хъомыс дарыны фæдыл уæрæхæй ахæлиугонд аххосæгтæ æмæ хицаугæнæг партийы æмæ паддзахады æхсæн арæны лæкъуындзинад æвзарæнон процессы иуæй-иу аспектмæ æхсæнады æууæнк фæкъаддæр кодтой».