Сомихыстойнаг медийы информацийæ, оппозиционер Никол Пашиняны ссæрибар кодтой æмæ протестон акцийы хайадисджытæм баиу ис.
Ссæрибар кæныны размæ, Никол Пашинянимæ фембæлд бæстæйы вице-премьер Карэн Карапетян.
«Нæ архæйдтыты логикæ ивд не æрцыд, изæры Республикæйы фæзыл, ацæудзæн митинг. Нæ активисттæй ахст чит сты, алкæйдæр хъуамæ ссæрибар кæной» – райхъусын кодта Никол Пашинян.
Бакой уын кæндзыстæм, Сомихыстоны сæйраг сахары, акциты организатор Никол Пашиняны полициæгтæ 22 апрелы æрцахстой. Сомихыстойнаг медийы информацийæ, Арцахы уынгыл æрцыд инцидент, цы ран цыды хайадисджытæн фæндаг ахгæдтой барадхъахъхъæнджытæ. Деомнстранттæ бацархайдтой полицийы удæгас рæхысы атонын. Уæд сырæзт быцæудзинад дæр. Барадхъаххъæнджытæ зæлон грантæтæй спайда кодтой. Полици æрцахста цалдæр хайадисæг, уый нымæцы, депутат Сасун Микаэляны.