Оккупацион режимы ахст уæнгты сæрмагонд æртæ хæдтулгæ гуырдзиаг фарсы кантролгонд территоримæ раластой
Оккупацион режимы ахст уæнгты сæрмагонд æртæ хæдтулгæ гуырдзиаг фарсы кантролгонд территоримæ раластой.
Журналисттæн Шида Картлийы пъæлицæйы департаменты хистæры хæдивæг Къоба Церцвадзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, зæгъгæ интенсивонæй цæуынц бадзырдтæ, ахæст, гуырдзыыстоны аст æмбæстагы ссæрибар кæнынæн.
«Бадзырдты фæстиуæгæн, оккупацион тыхты минæвæрттæ оккупацигонд хъæуы цур администрацион арæны цур нæм радæттой æнæзакъононæй ахст уæнгты сæрмагонд æртæ автомобилы. Цыдæриддæр та сæхæдæг гоймæгтæм æххæссы, интенсивонæй цæуынц бадзырдтæ се ссерибар кæнынæн. Гуырдзыстоны централон хицауад алцыппæт аразы цæмæй æнæзакъононæй ахст гоймæгтæ амал уæвгæйæ рæхджы æрыздæхой сæ хæдзæрттæм» – райхъусын кодта Къоба Церцвадзе.
Оккупацион хаххы цур уырыссаг æфсæддæттæ Гуырдзыстоны авд æмбæстагы рацахстой. Ахæсттæ хъæу Ахалубанийы цæрджытæ сты. Уæвæг информацийæ, æмбæстæгтæ Сыгъдæг Гиоргийы номыл аргъуанмæ фæцæйцыдысты кæцы оккупацион хзаххы цур ис.
Уырыссаг æфсæддæттæ оккупацион хаххы цур, оккупацигонд хъæу Арцеуы арæнгæрон территорийæ Гуырдзыстоны ноджы иу æмбæстагы, хъæуы Диди Меджврисхевийы цæрæгы аскъæфтой.
ПÆК-ы информацийæ, ахæсты фæхæццæ кодтой Цхинвалы ихолятормæ.
Цхинвалы оккупацион режимы хъусинагæй, Гуырдзыстоны аст æмбæстаг, æнæ рвонг уавæры а.х. арæныл æнæзакъононæй ахизыны тыххæй æрцахстой. Афтæдæр сæ хъусинагæй, ахæст гуырдзиæгты æрдæм æмбæлон мадзæлттæ райсыны тыххæй уынаффæ, «профилактикон мадзæлттæ ауадзыны» фæстæ рахæсдзысты.