Оккупацигонд территоритыл цæрæг абитуриенттæ, кæцытæм нæ фæцис фадат фæлварæнты хайад райсын, уæллаг ахуыргæнæндæттæм, æнæфæлварæнтæй æрцæудзысты ист
Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл цæрæг алы уыцы абитуриент, кæцы иууон националон фæлыварæнты æмæ иууон магистрон фæлварæнтæм регистрацигонд уыд, фæлæ бæрæг аххосæгты тыхххæй, оккупацигонд территорийæ рахизын æмæ фæлварæнты хайад райсын нæ сфæрæзтой, ис сæм фадат бакалаврон æмæ магистрон программæтæм нæфæлварæнæй бахауой.
Æмбæлон ивдтытæ «Уæллаг ахуыры фæдыл» закъонмæ цæуы хаст, кæцыйы парламентæн, инициативæйы хуызæй æнхъары хицауад.
Закъонопроекты мидæг банысангонд у, цæмæй паддзахад, студенты ахуыр сфинанс кæнын, паддзахадон ахуырадон/магистрон гранты максималон бæрцæй æххæстæй сæххæст кæндзæн.
Хицауады æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, паддзахады ацы инициативæ, баххæсдзæн алы уыцы абитуриентмæ, кæцытæ фæлварæнмæ регистраци ацыдысты æмæ равдыстой фæндон ахуыр адарддæр кæнын авторизацигонд ахуыргæнæндоны, фæлæ сын æххæстæй кæнæ зайгай арæнæвæрд æрцыд ацы бар, æнæкæсгæ кæцыфæнды фæлварæныл сæ райст фæстиуæгмæ.
Фæлварæнтæ регистрацигонд абитуриентты нымæцмæ гæсгæ та, хицауады информацийæ, фæлварæнтæм 201 абитуриент ацыд регистраци, кæцымæ æмбæлгæййæ дæр, цæугæ азы прогнозон хардз, 226.1 мин ларийæ фæбæрæг, æрмæст иннæ азы та 452.2 мин ларийæ.