Ног Азы æхсæв Тбилисы метро,  автобустæ æмæ рæтæн фæндаг æмбæстæгтæн æнæаргъæй балæггад кæндзысты
Ног Азы æхсæв Тбилисы метро, автобустæ æмæ рæтæн фæндаг æмбæстæгтæн æнæаргъæй балæггад кæндзысты

Абон Тбилисы «Метрополитен», автобустæ æмæ   рæтæн фæндаг «Рихъе-Нарихъала»  æмбæстæгтæн æнæаргъæй  балæггад кæндзысты –  уый тыххæй  информацийы  хæлиу кæны Тбилисы мерий.

Уагдоны хъусинагæй,    Ног Азы  æхсæв  «Метрополитен»  æмæ   автобустæ 23:00 сахатæй,  фыццаг январы 04:00 сахаты онг  кусдзысты, рæтæн фæндаг та –  03:00  сахаты онг.

Сæйраг сахары 160 иуаг  автобус,  змæлдзæн 30 минутон  интервалæй.  Уыдон  бæлццæтты  ласдзысты  метростанцæты онг, бæрæгбонон мадзæлтты  бынæтты онг æмæ   централон схты.

«Цыдæриддæр та  Мтеромæ æххæссы,   бæлццæттæн  лæггад фæхуыздæры нысанæй  Тбилисы транспортон  компанийы  скуыддзагæй,   Тбилисы метройы  фыццаг хаххыл («Ахметелийы Театр» – «Варкетили»)  пикъы  сахатты поездты  змæлды интервал  фæкаддæр уыдзæн.  Сæрмагондæй та 21 декабрæй  ног азы  онг,  Тббилисы  Метройы  фыццаг хаххмæ 08:00-æй 11:00 сахаты онг æмæ 17:00-æй 20:00  сахаты онг  бафтаудзысты  дыууæ сконды.

Поездтæ змæлдзысты æртæ минутон  интервалтæй.  Уымæй  уæлдай ма, 30-31декабры  Тбилисы  «Метрополитен»  сабат-хуыаубоны графикъы бæсты,   бакусдзæн кусæн бонты   графикъ æмæ интервалтæй.

Метрополитен бæлцæттæн  уæрæх графикъæй  æмæ  æнæаргъæй  балæггад кæндзæн  Цыппурсы æхсæв дæр.  Уый  2018 азы 6 январы  24:00  сахатæй, 2018 азы  7 январы  04:00 сахаты онг  кусдзæн» –  банысангонд у Тбилисы  мерийы хъусинаджы.