Тбилисы уæлмæрдты æрдæм   автобустæ абон æнæфидгæйæ  змæлынц
Тбилисы уæлмæрдты æрдæм автобустæ абон æнæфидгæйæ змæлынц

Куадзæны бæрæгбон æмæ уæлмæрдты афрæйы боны фæдыл  Тбилисы  уæлмæрдты  æрдæм автобустæ абон  æнæфидгæйæ  змæлдзысты.

Автобусты рæстæгмæ   маршруттæ  08:00 сахатæй  20:00 сахатмæ  змæлдзысты  Мухатгвердийы, Вашлиджварийы, Кукиайы, Ног  Кукиайы, Махатайы, Субарталойы, Гърмагъелейы, Вели æмæ Варкетилийы уæлмæрдты æрдæм.

Автобустæ  змæлдзысты  метростанцæтæй  «Марджанишвили», «Дидубе», «Делиси», «Сараджишвили», «Варкетили», автæма Станцæйы  фæзæй, Бесарион Чъичъинадзейы  уынгæй  æмæ Варкетилы III массивæй, сæрмагондæй  Шуамта æмæ Абашвилийы  уынгты алвæндагæй.

Фæнысангонд  маршруттыл   автобустæ  æмбæстæгтæн   знон дæр æнæфидгæйæ  лæггад кодтой.