«Нью Йорк Таймс» - Израил  Украинайæн  бадæтта рагысгарæгон информаци, кæцы пайдаджын у  ирайнаг æнæпилот  хæдтæхджыты ныхмæ хæцынæн
«Нью Йорк Таймс» - Израил Украинайæн бадæтта рагысгарæгон информаци, кæцы пайдаджын у ирайнаг æнæпилот хæдтæхджыты ныхмæ хæцынæн

Израил  Украинайæн рагысгарæгон  информаци бадæтта, кæцы  пайдаджын у  ирайнаг  æнæпилотон   хæдтæхджыты  ныхмæ  хæцынæн. Уый фæдыл  информаци   «Нью Йорк Таймс»  Украниайы   хицауады минæварыл æнцойæ  хъусын кæны.

Рауагъдад  Украниайы  хицауадыл æнцойæ  фыссы,  цæмæй   быцæудзинадмæ нæкæсгæ,  Украинаг  æфсæддæттæ ныр регуляронæй   куынæг кæнынц «Шахед 136-ы»  типы   æнæпилот  хæдтæхджыты  70%-æй фылдæр, кæцыйы  Уæрæсе августы  Иранæй   балхæдта.   Украина фыццаг   ахæм хæтдæхæтæг  13 сентябры æрыппæрстап  бæстæйы  хурыскæсæны æмæ уый фæстæ ма æрыппæрста  иууыл цъус  237  иуæг  тæхæн аппараты.

Киевыл масштабон бырсты  фæстæ, Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министр, Дмитро  Кулеба  Израилмæ баздæх  уæлдæфон хъахъхъæдæн хъæугæ хæцæнгарзы тыххæй,  кæцыимæ не сразы ис Израилы  хъахъхъæнынады министр  бени Ганц. Ганцы дзырдæй,  Израил,  уæлдæфон хъахъхъæды хæцæнгарз нæ фæлæ  сифтонг  кæндзæн рагафон  фæдзæхсыны  системæтæ.