Нэд Прайс - Разы стæм Укрина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны сæ европаг сыхæгтимæ дарддæры интеграциимæ
Разы стæм Укрина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны сæ европаг сыхæгтимæ дарддæры интеграциимæ, – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон департаменты пресс-спикер Нэд Прайс райхъсын кодта брифингыл.
Прайс куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ АИШ æртæдæр паддзахадимæ куыста демократон институтты æмæ Европæ æмæ ныгуылæнимæ интегриргонд экономикæ райрæзты æрдгæй.
«Ацы бæстæтæ дæсгай азты дæргъы æвдисынц сæ фæндон, хæстæгдæр æмахаст сын уа ныгуылæнимæ. АИШ ацы æртæ паддзахадимæ куыста демократон институтты æмæ Европæ æмæ ныгуылæнимæ интегриргонд экономикæ райрæзын кæныны æрдгæй. Фидæны дæр сæ фарсмæ уыдзыстæм», – райхъусын кодта Нэд Прайс.