Нэд Прайс – Гуырдзыстоны  нымайæм стартегион партнерæй,  нæ рарды  хай у  адарддæр кæнæм  партнерад æмæ ацы фæндагыл  Гуырдзыстонæн  æххуыс кæнын
Нэд Прайс – Гуырдзыстоны нымайæм стартегион партнерæй, нæ рарды хай у адарддæр кæнæм партнерад æмæ ацы фæндагыл Гуырдзыстонæн æххуыс кæнын

АИШ  дарддæр кæндзæн гуырдзыйаг адæмимæ  партнерад демократон, æнтыстджын, сабырадон æмæ  евроатлантикон  фидæнмæ ориентацигонд   тырнынадты –  уый фæдыл  АИШ-ы  падздахадон   департаменты минæвар Нэд Прайс   райхъусын кодта  брифингыл.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ АИШ  адарддæр кæндзæн  хъæддых  фарсхæцын  хæдбар медийæн, уыдзæн уый Гуырдзыстоны  æви æндæр ран.

«Мах  тынг  дырыс æмæ  æргомзæрдæ стæм  гуырдзыйаг партнертимæ  демократийы  æнцой стынг кæныны  дæргъвæтин  хъæуындзинæдтыл ныхасы  рæстæджы, цæй  фенын  нæ   фæнды Гуырдзыстон æмæ Дунейы.  Уый æххæссы  демократон   институттæм æмæ   закъоны сæйрагдзинадмæ.   Адарддæр кæндзыстæм  Гуырдзыстоны адæмимæ   партнерад демократон, æнтыстджын, сабырадон æмæ  евроатлантикон  фидæнмæ ориентацигонд   тырнынадты.

Медийы сæрибардзинады æрдгæй,  махæй  иудадзыг  цæуы   ныхас   сæрибар æмæ  хæдбар  медийы рол æнæивгæдзинады  фæдыл  дунейы.  Цалдæр боны размæ, паддзахадон нымæрдар  Блинкен  фæныхас кодта   сæрибар æмæ  хæдбар медийы æнæмæнгхъæундзинады фæдыл.  Банысан кодта, цæмæй  ивгъуыд азты  дæргъы  бирæ журналист ссис   тасы æфтауыны  æмæ  æлхъывды амæттаг, сæ куыст фелхъывдтой  æмæ  бирæты  уыдонæй   амардтой, сæ  кусæн хæстæ  æххæст кæныны  рæстæджы æмæ  сæ  хæс  та  рæстдзинад  зæгъынæй дарддæр ницы у  æмæ уыдон ницæмæй  архайынц фыссæнæй  æмæ  клавиатурæйæ дарддæр.  Адарддæр кæндзыстæм  хъæддых  фарсхæцын хæдбар медийæн,  уыдзæн уый Гуырдзыстоны, æви кæм фæнды  æндæр ран» – райхъусын кодта Нэд Прайс.

Афтæма йæ  дзырдæй,  АИШ  Гуырдзыстоны  стратегион партнерæй  нымайы  æмæ сæ  рарды хай у, адарддæр уа  Гуырдзыстонимæ партнерад.

Прайс ма  банысан кодта, ома  Гуырдзыстоны   тырнынадты реализаци скæнынæн хъæуы  рæстæг, кусын  æмæ  быхсын.