Нэд Прайс – мах кæддæриддæр лæууæм гуырдзиаг адæмы фарсмæ
Нэд Прайс – мах кæддæриддæр лæууæм гуырдзиаг адæмы фарсмæ

Мах  гуырдзиаг адæмы  æмæ  сæ  тырнанды   фарсмæ  лæууæм æмæ  ныфс дарæм, цæмæй  Гуырдзыстоны   хицауад æмæ алы  бæстæйы   хицауадмæ  æххæст кæнынц  сæ  адæмты   тырнындзинад, – уый фæдыл  АИШ-ы  паддзахадон  департаменты  пресс-спикер Нэд Прайс райхъусын  кодта.

Прайс афтæдæр комментари  сарызта  “Халхис Дзалайы”  иницииргонд  закъонопроекттыл. Йæ  дзырдæй, «зæгъгæ уый у   фарста, кæцы  расайдта   стыр дебаттæ æмæ  протест  гуырдзиаг адæмы æхсæн, кæцыйæн ис аххос».

«Зындзинæдтæ  гæнæн ис  уа  нысаниуæгджын  уыцы  типы  ахастытæн,к æцыты  адарддæр кæнын нæ фæнды Гуырдзыстоны  хицауадимæ.   Фæсарæйнаг  апгентты   закъонопроектты фарста сывæрыны  онг  ныхас кодтам   стратегион   партнерадыл, кæцы нын ис Гуырдзыстонимæ.  Уый у проект, кæцыйы АИШ  арф  у баст  дæсгай  азты  дæргъы, Гуырдзыстон  хæдбарад ногæй  куы сфидар кодта  1991  азы. Мах уыдыстæм  партнертæ  ацы  рæстæджы дæргъы,арызтам алцыппæт, цы нæ  бон  уыд Гуырдзыстоны  демократийы, йæ экономикæйы  фарсхæцынæн  æмæ Европæйы   æмæ Европæимæ йæ  дарддæры  интеграцийæн.

Гуырдзыстонмæ кæсæм  куыд  егъау  фадæттæ  цы бæстæйæн ис ахæммæ,   нæ йæ нымайæм тæссагыл.  Гуырдзыстонимæ  ис  партнерады   адарддæр  кæныны фадат, цæмæй адарддæр кæнæ  цыд бæрнон   хицаудзинады   демократон фæндагыл  æмæ у уыцы позицийы, ома йæ æмбæстæгты   тырнындзинад реализаци  сыххæст кæна. Уый у фадат   АИШ-æн куыд  Гуырдзыстоны партнерæн.  Фыццаджы дæр та, уый у Гуырдзыстоны  цæрджыты фадат,  баххæсса   тырнындзинады  реализацимæ», – райхъусын кодта Нэд Прайс.