Нэд Прайс -  куыд  стратегион партнер, АИШ æнæцудгæ  разы у Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы  европаг  тырнынадтимæ
Нэд Прайс - куыд стратегион партнер, АИШ æнæцудгæ разы у Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы европаг тырнынадтимæ

АИШ-ы  паддзахадон  департаменты  минæвар Нэд Прайс хъусын кæны, цæмæй  АИШ-æ, куыд стратегион партнер, хъæддых  разы  у, Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы  европаг  тырнынадимæ.

Нэд Прайс  уый фæдыл  фæныхас кодта   брифингыл, Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы æрдгæй   кандидаты  статусы фæдыл Евроцæдисы  уынаффæйы  æнхъæлцыты фæдыл  фарсты  дзуаппæн.

«Ацы фарст æххæссы ф æнысангонд  æртæ бæстæмæ æмæ Евроцæдисмæ.  Фæлæ куыд стратегион  партнер, АИШ æнæцудгæ разы у  Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæйы  европаг  тырнынадтимæ  æмæ европаг  амбицитимæ.

Ацы бæстæтæн сæ  фарсмæ  лæууыдыстæм ацы фæндагыл, уыдон хæдбарад  ногæй  куы  сфидар кодтой,  уыцы  бонæй  абоны онг æмæ   адарддæр кæндзыстæм  ацы фæндагыл уыдонæн æххуыс кæнын», – райхъусын кодта Нэд Прайс.