Мах гуырдзиаг адæмы æмæ сæ тырнанды фарсмæ лæууæм æмæ ныфс дарæм, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад æмæ алы бæстæйы хицауадмæ æххæст кæнынц сæ адæмты тырнындзинад, – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон департаменты пресс-спикер Нэд Прайс райхъусын кодта.
Прайс афтæдæр комментари сарызта “Халхис Дзалайы” иницииргонд закъонопроекттыл. Йæ дзырдæй, «зæгъгæ уый у фарста, кæцы расайдта стыр дебаттæ æмæ протест гуырдзиаг адæмы æхсæн, кæцыйæн ис аххос».
«Зындзинæдтæ гæнæн ис уа нысаниуæгджын уыцы типы ахастытæн,к æцыты адарддæр кæнын нæ фæнды Гуырдзыстоны хицауадимæ. Фæсарæйнаг апгентты закъонопроектты фарста сывæрыны онг ныхас кодтам стратегион партнерадыл, кæцы нын ис Гуырдзыстонимæ. Уый у проект, кæцыйы АИШ арф у баст дæсгай азты дæргъы, Гуырдзыстон хæдбарад ногæй куы сфидар кодта 1991 азы. Мах уыдыстæм партнертæ ацы рæстæджы дæргъы,арызтам алцыппæт, цы нæ бон уыд Гуырдзыстоны демократийы, йæ экономикæйы фарсхæцынæн æмæ Европæйы æмæ Европæимæ йæ дарддæры интеграцийæн.
Гуырдзыстонмæ кæсæм куыд егъау фадæттæ цы бæстæйæн ис ахæммæ, нæ йæ нымайæм тæссагыл. Гуырдзыстонимæ ис партнерады адарддæр кæныны фадат, цæмæй адарддæр кæнæ цыд бæрнон хицаудзинады демократон фæндагыл æмæ у уыцы позицийы, ома йæ æмбæстæгты тырнындзинад реализаци сыххæст кæна. Уый у фадат АИШ-æн куыд Гуырдзыстоны партнерæн. Фыццаджы дæр та, уый у Гуырдзыстоны цæрджыты фадат, баххæсса тырнындзинады реализацимæ», – райхъусын кодта Нэд Прайс.