Низты контролы центры бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусимæ æмвæд низты æхсæн сегасдæр арæх уыдысты зæрдæ æмæ тугдадзинты низтæ, гипертензи æмæ диабет
Гуырдызстоны ног коронавирусы цыды фæдыл низты контролы æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды центры хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, имртасæны фæлгæтты, алкæцы пациенты цауы, анализ сарызтой низы хроникон симптомты æмæ æмвæд низты уæвынадæн паиценты госпитализацийы онг.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, симптомтæй сегасдæр арæх фæбæрæг вæйыы тæвд, лæмæгъдзинад, хуыфæг, хъуыр рыст æмæ сæрниз )банымадтой 800 цауыл) ады æмæ æмбудæны ивд, кæцы сбæрæг кодтой 500 цауыл.
«800 цауæй, «PCR» тестæй басгæрсты рæстæджы, 99 цау уыдысты бынтон æнæсимптом. Уымæ æмбæлæгйæ дæр, æнæсимптом цауты пропорци уыд 11 проценты бæрц. Симптомты интенсивондзинад фæдыл информацийы æмбырд кæнын проблематон уыд 166 цау, кæцы рæнхъь субъективон æмæ объективон фактортыæй равзæргæ уыд, сæрмагондæй та, æвзаджы барьер, æнæобъективон мысинæгтæ, симптомты æнкъарынмæ хъауджы ахаст, стигматизаци. Фæнысангонд цаутæ концентриргонд уыд Квемо Картлийы регионы æмæ ацы регионы рабæрæггонд цауты 58.4 проценты бьæрц уыдысты» -банысангонд у хыгъдлæвæрды.
Центры информацийæ, æмвæд низты нымæцы сегасдæр арæх уыдысты зæрдæ æмæ тугдадзинты низтæ, гипертензи 88(11 процент) æмæ диабет 39 (4.8%).
Афтæма, центры æмбарын кæнынц, цæмæй «Ковид-19»-ы ног цауты бæрæггæнæнтæ 100 000 цæрæгыл, экспозицийы бынатмæ гæсгæйæ, сегасдæр бæрзонд у Квемо Картлийы регионы æмæ Тбилисы, æрмæст сегасдæр ныллæг – Самегрелойы, Уæллаг-Сванеты æмæ Имереты.
Экспозицийы бынатмæ гæсгæ Гуырдзыстоны иннæ регионты низы цаутæ нæ фæбæрæг сты.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, импортригонд цауты нымæц, 800 сфыст цаутæй уыд 157(19,6%-ы бæрц).
Низты контролы æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъъхæды националон центры документ æвдисы центры сæххæст мадзæлтты анализы æмæ сфысгæ иртасæнты фыццаг бæлвырд цаутæй 800 пациенты æмæ фыццаг госпитализацигонд æмæ рафысгæ 500 пациенты нымайгæйæ.