Нино Бурджанадзе – Саакашвили хицауадмæ ма хъуамæ æрыздæха, кæд æмæ Иугонд оппозици йæ премьертæм кандидатæй бавдисдзæн, уæд йын æз не схъæлæс кæндзынæн
«Саакашвилимæ мын цы претензитæ ис, уыдоны уайдзæфæй схонæн нæй, уый у бирæ бæрзонддæр претензи», – уый фæдыл «Иугонд Гуырдзыстоны» лидер, Нино Бурджанадзе фехъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Саакашвилимæ йæм абсолютонæй рæстаг претензи ис.
«Саакашвилимæ мын цы претензитæ ис, уыдоны уайдзæфæй схонæн нæй, уый у бирæ бæрзонддæр претензи. Саакашвилимæ мæм абсолютонæй рæстаг перетнзи ис. Ацы азты дæргъы перетнзитæ нæ фæивдтой – кæд ма сæм нæуæг нæ бафтыд, уæд сæ ницы фæцух ис фæстаг азты мидæг. Нырма 2009 азы уый тыххæй лæууыдтæн æмæ куырдтон Саакашвилийæ йæ бынатæй хи суæгъд кæнын, æмæ нымадтон, цæмæй президент, кæцы хæсты фембылд ис, йæ бынатæй йæхи хъуамæ суæгъд кæна æмæ йæм нæй бар, бæстæйы хицауады баззайын, уыцы позици нæ фæивдтон, æз адарддæр кодтон тох ацы азты дæргъы.
«Гуырдзиаг Бæллиццы» аххосджын кæнын», цæмæй алы фарстæн афоныл дзуапп кæй нæ ратта, уый тыххæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Саакашвилийы хицауадмæ æрыздæхын гæнæн нæй, æмæ дзурын, цæмæй кæд иугонд оппозицийы премьер-министртæм кандидатæй уыдзæн Михеил Саакашвили, уæд йын æз не схъæлæс кæндзынæн никуы», – райхъусын кодта Бурджанадзе.