Æддæ ахастыты омитеты сæрдар Николоз Самхарадзе Хуссар Кавказы æмæ Гуырдзыстоны кризисты фарстаты Евроцæдисы специалон минæвар Тоиво Клааримæ æмæ йæ уынаффæгæнæгимæ фембæлдис.
Гуырдзыстоны парламенты информацийæ, фарсытæ Гуырдзыстоны æдасдзинады фарстатæ æмæ Хуссар Кавказы регионы цæугæ процесстæ афæлгæсто. Фембæлдыл бахахх ис Сомихы æмæ Азербайджаны æхсæн ахастыты срегулиркæныны процессы Гуырдзыстоны нысаниуæгджын роль.
Николоз Самхарадзе Евроцæдисс специалон минæваримæ иумæ оккупацгонд регионты уæвæг уæззау уавæр æмæ Уæрæсейы Федерацийы æнæзакъонон архæйдтытæ афæлгæста, сæ нымæцы фæстаг рæстæджы Сухумы цæугæ фæзындтæ æмæ де-факто хицæуæды уынаффа, ма бауадзой Евроцæдисы спецминæвар Абхазы.
Фембæлды кæрон Николоз Самхарадзе æмæ Европаг дипломат цыбыр афæлгæстой бæстæйы мидполитикон уавæр æмæ разæвзарæнон процессы æндæвдад оккупацигонд территоритæм гæсгæ.