Николоз Самхарадзе – Нæй гæнæн Гуырдзыстоны хæлар уа уыцы адæймапг, кæцы нæ цыт кæны нæ законтæн æмæ дзуры, цæмæй æнæзакононæй чи рахызти арæныл, уый у политикон ахæст
Кæцыфæнды адæймаг, кæцы æнæзакононæй рахызти ацы бæстæйы арæныл, нæй гæнæн нымад цæуа политикон нысанæй ахæстыл, – уый фæдыл парламенты æддæ ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе, Саакашвилийы хъуыддагмæ гæсгæ райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Гуырдзыстоны законтæн æмæ суверенитетæн нæ кад кæны уый, чидæриддæр зæгъдзæн, цæмæй адæймаг, кæцы арæныл æнæзакононæй рахызти, уый у политикон ахæст.
«Гуырдзыстон у суверенон паддзахад æмæ йын ис арæнтæ. Кæцыфæнды адæймаг, кæцы æнæзакононæй рахиздзæни ацы арæныл, нæй гæнæн, нымад цæуа политикон ахæстæй. 2003-2012 азты фыдракæнды кой куы ма скæнæм уæддæр, кæцы фæнды адæймаг, фæнды Гуырдзыстоны æмбæстаг – фæнды фæсарæйнаг æмбæстаг, кæцы нæ цыт кæны Гуырдзыстоны законтæн æмæ дзуры, цæмæй адæймаг кæцы æнæзакононæй арæныл рахызти арæныл, уый у политикон ахæст зæгъгæ, ахæм адæймаг нæй гæнæн Гуырдзыстоны хæлар уа. Уымæ гæсгæ дæр, уый нæ цыт кæны Гуырдзыстоны законтæн æмæ Гуырдзыстоны суверенитетæн», – райхъусын кодта Николоз Самхарадзе.