Николоз Самхарадзе фембæлд ОБСЕ-йы генералон нымæрдар, Феридун Синирлиоглуимæ
Венæмæ визиты фæлгæтты, æттаг ахастыты комитеты сæрдар æмæ ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны делегацийы сæргълæууæг Николоз Самхарадзе ОБСЕ-йы ног генералон нымæрдар Феридун Синирлиоглуимæ фембæлд.
Фембæлдыл фарсытæ бакастысты Гуырдзыстоны мидполитикон процесстыл, ауагъд æвзæрстытæ æмæ уый фæстæ цæугæ цаутыл. Николоз Самхарадзе ОБСЕ-йы генералон нымæрдарæн Абхазы æмæ Уæрæсейы оккупацигонд Цхинвалы регионы уæвæг уавæры фæдыл информаци ратта.
Николоз Самхарадзе генералон нымæрдарæн парламентон æвзæрстыты фæдыл объективон хыгъдлæвæрды тыххæй бузныг расидтис.
«Мæхи æрдгæй мæн фæнды бузныг зæгъын ОБСЕ-йæн Гуырдзыстоны уагъд парламентон æвзæрстыты фæдыл объективон хыгъдлæвæрды тыххæй, æнæкæсгæ уымæ æмæ стыр æлхъывдад уыдысты конкретон политикон архайджыты æрдыгæй» – райхъусын кодта Николоз Самхарадзе.
Фембæлдыл фæныхас кодтой фидæны æмкуыстдзинадыл æмæ акцент сарæзтой Гуырдзыстоны нысаниуæгджын æмæ активон роль ОБСЕ-йы.
Николоз Самхарадзе ОБСЕ-йы генералон нымæрдары Гуырдзыстонмæ официалон визитæй фæсидтис.