Николоз Самхарадзе – Брюсселмæ визиты рæстæджы хайад райсдзыстæм НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы форматы, кæцыйыл ныхас уыдзæн бæстæйæн 2023 азы цы прогресс уыд уый фæдыл
Хайад райсдзыстæм НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы форматы, кæцыйыл дзырд уыдзæн уыцы прогрессыл, кæцы бæстæйæн уыд 2023 азы, – уый фæдыл парламенты æддæ ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе райхъусын кодта Брюсселы, цы ран парламенты сæрдар Шалва Папуашвили æмæ парламентон делегаци сты иумæ.
Самхарадзейы дзырдæй, фембæлдыл ныхас уыдзæн уый нымæцы Уæрæсейæ цæугæ тасыл.
«Визиты рæстæджы ныхас уыдзæн фидæны ауæрæхыл. Минæвæрттимæ ныхас уыдзæн Уæрæсейæ цæугæ тасыл, оккупацигонд территоритыл уæвæг уавæрыл. Байхъусдзыстæм партнер бæстæты цæстæнгасмæ, цæмæй куыд уынынц уыдон НАТО-йы фидæны ацæрæх æмæ куыд æнхъæлынц цæмæй кæд уыдзæн НАТО-ы ауæрæх. Оккупацигонд территоритыл тынг уæззау уавæр ис æмæ хъыгагæн, цъус рæстæг размæ амардтой Гуырдзыстоны æмбæстагæн афтæма, скъæфынц адæмы. Нæ ныхасы темæйæ ацы фарстатæ уыдзæн, æмтгæй зæгъгæйæ афтæдæр Уæрæсейæ цæугæ тас», – райхъусын кодта Самхарадзе.