Николоз Басилашвили АТР-ы турнир рамбылдта [ВИДЕО]

 

Николоз  Басилашвили Гамбургы  турниры  фæуæлахиз ис.  Финалон матчы    гуырдзиаг теннисист   фембæлд аргентинаг  Леонардо Майеримæ.  Фыццаг сеты  рамбулыны фæстæ  (6-4) Басилашвили    фембылд ис дыккаг сеты (0-6)   фæлæ  скуыддзаггæнæг   сет  разынд  тынг æндыгъд.

Матчы  хыгъд 5-5  куы  уыдис,   уæд Николоз Басилашвили   рамбылдта æндæогъы балæвæрд  æмæ  фæстагмæ  матчы  фæуæлахиз ис.

Кæронбæттæн  хыгъд  сеттæм  гæсгæ: 6-4; 0-6; 7-5  æмæ Николоз Басилашвили  ссис  престижон турниры  уæлахиздзау.

Абоны  уæлахиздзинад  у  сеппæтæй  бæрзонддæр æнтыст  гуырдзыстойнаг  теннисæн,  Гуырдзыстоны  хæдбардзинад ногæй  рацарæзты  фæстæ.