Николоз Басилашвили  афæдзы  матчы   Зверевæн  рамбылдта æмæ Гамбургы  финалмæ ахызт
Николоз Басилашвили афæдзы матчы Зверевæн рамбылдта æмæ Гамбургы финалмæ ахызт

Гуырдзиаг теннисист  Николоз Басилашвили дыккæгæм хатт ахызт Гамбургы  турниры  финалмæ. Æрдæгфиналон матчы  Басилашвили   æртæ сеты мидæг   абырста  дунейы фæндзæм  номырæй  нымад  Германийы  минæвар  теннисист Александр Зверевы.

Фембæлд аххæссыд 3  сахаты  æмæ 10 минуты бæрц  æмæ фæцис Басилашвилийы   уæлахиздзинадæй  хыгъдæй  6:4, 4:6, 7:7 (7:5).

АБоны матчыл уыдис баст,  бахъахъъхæндзæн æви нæ гуырдзиаг теннисист дунейы рейтингы  йæ бынат  дыууыны æхсæн.  Букмекерты  сæйраг фаовритыл нымад цыд  немыцаг  теннисист   кæцы Басилашвилийæн рамбылдта   дыууæ раздæры  матчы: Марселы турнирыл  2015 азы(7: 6, 6: 3)æмæ  2018 азы  Шанхайы (7: 5, 6: 4).

Ацы моментмæ  Басилашвили уæвы «live» рейтингы  18 æм бынатыл.  Гамбургы турниры, райсомы финалы фæуæлахизы цауы, уый  æрыздæхдзæн 16  бынатмæ.

Ерысы  финалы   Николоз  кæцы у  архайæг чемпион  Гамбургы  турнирыл,  фембæлдзæг  иннæ æрдæгфиналы  уæлахиздзауимæ: Андрей Рублев (Уæрæсе) –  Пабло Карреньо-Буста (Испани).